Радон уæлахиз: Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья рамбылдтой ЦКФЗ ерыстæ

© Созаты Владимир архивæй къамЦæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ кекусин-кан каратейæ
Цæгат Кавказы федералон зылды ерыстæ кекусин-кан каратейæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Чызджытæ афтыдысты Уæрæсейы фыццагадмæ. Доннайæн уый у 11-æм сыгъзæрин майдан йæ спортивон карьерæйы

ЦХИНВАЛ, 12 мар — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ цхинвайлаг каратисткæйы — Дудайты Донна æмæ Тадтаты Софья рамбылдтой фыццаг бынæттæ Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагады, ноджы ма къорд ирон спортсмены æрæмбырд кодтой æвзист æмæ бронзæйон тыллæг, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Созаты Владимир.

Цæгат Кавказы федералон зылды фыццагад цыд Ставрополы, Хуссар Ирыстонæй дзы стох кодтой 9 спортсмены, се ʻхсæн чызджытæ æмæ лæппутæ дæр. Доннайæн уый у 11-æм сыгъзæрин майдан йæ спортивон карьерæйы.

"Ногæй та фыццаг бынат бацахста Дудайты Донна, дыууæ тох нокауттæй рамбулгæйæ. Тадтаты Софья бахынцыдта æппæт фиппайнæгтæ, кæцыты аххосæй иу фæхæрд ис нырмæ, ауагъта æмбæлон уагыл йæ фембæлдтæ æмæ ссис уæлахиздзау. Дыууæ ныхмæлæууæджы нокауты арвитыны фæстæ, финалы фæхæрд ис Гаглойты Диана. Призерты нымæцмæ ма бахызтысты Гайты Анна æмæ Тыджыты Ирина дæр", — загъта тренер.

Чызджытау æнтыстджынæй архайдтой лæппутæ дæр, уыдоны къухты та бафтыд дыууæ æвзист майданы.

"Пухаты Михаил хорз райдыдта йæ фембæлдтæ. Фыццаг фембæлды 8 секунды фæстæ нокауты арвыста ставропойлаг спортсмены, ивгъуыд азы дуне æмæ Европæйы чемпион Александр Швецы, фæлæ финалы фæхæрд ис. Ам цы рæдыд æруагъта, уый аиуварс кæныныл кусдзыстæм дыууæ мæйы, аннæ ерыстæм. Сиукъаты Скиф дæр фæхæрд ис финалы æмæ уый хыгъд бацахста дыккаг бынат", — бафтыдта тренер.

© Sputnik / Из архива Владимира Созаева Кекусин-кан карате
Кекусин-кан карате - Sputnik Хуссар Ирыстон
Кекусин-кан карате

Турнир цыд 10-12 марты. Хуссар Ирыстоны къордæн ерыстæм ацæуынæн баххуыс котой компани "Остелеком" æмæ Хъахъхъæнынады министр. Ерысты архайдта 8 командæйы — Хуссар Ирыстонæй дарддæр ма дзы тох кодтой Цæцæны республикæйы къорд, стæй фæйнæ æртæ командæйы Дагъыстан æмæ Ставрополæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0