Боксер Тедеты Сослан рамбылдта турнир "Хӕхты тых"

© Facebook/ Альберт ВалиевБоксер Тедеты Сослан рамбылдта турнир "Хӕхты тых"
Боксер Тедеты Сослан рамбылдта турнир Хӕхты тых - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дзӕуджыхъӕуы уагъд ӕрцыд ӕртыккаг ӕхсӕнадӕмон рейтингон боксерон турнир "Хӕхты тых"

ЦХИНВАЛ, 22 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны ацыд радон ӕхсӕнадӕмон турнир профессионалон боксӕй "Хӕхты тых", йӕ сӕйраг тохы рӕстӕджы ирон боксер Тедеты Сослан рамбылдта йӕ украинӕйаг ныхмӕлӕууӕг Артем Айвазидийы.

Уый тыххӕй фехъусын кодта йӕ официалон фарсыл Facebook-ы Хуссар Ирыстоны Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг Уалыты Альберт.

IBF дунейы чемпионы фӕсивӕдон титулы хицау Тедеты Сосланы радон рейтингон тох ахицӕн ис ирыстойнаг боксеры ӕнӕгуырысхо уӕлахизӕй, банысан кодта Уалыты Альберт.

Боксы федерацийы сӕргълӕууӕг ма бафтыдта, мадзалы организатортимӕ ма уынаффӕ кӕй цыд турнир "Хӕхты тых" Хуссар Ирыстоны дӕр ауадзыны фӕдыл.
Спортивон мадзал организацигонд ӕрцыд промоутерон компанитӕ "Урал бокс промоушен", "Ирон легион" ӕмӕ Уӕрӕсейы боксы федерацийы тыхтӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0