Цхинвайлаг штангист Джиоты Александр ссис тыхджындæр Юграйы

© Sputnik / архивон къамШтангист Джиоты Александр
Штангист Джиоты Александр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинагæн уый у йæ дыккаг уæлахиз фæстаг мæйы дæргъы, æрæджы та уый рамбылдта Уæрæсейы фыццагад

ЦХИНВАЛ, 2 апр — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæззау атлетикæйы скъолайы хъомылгæнинаг Джиоты Александр рамбылдта Ханты-Мансийскы автономон зылд — Юграйы ерысты. Цхинвайлаг спортсменæн уый у йæ дыккаг уæлахиз фæстаг мæйы дæргъы, æрæджы та уый ссис Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау штанга исынæй, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Плиты Артур.

Уæззау атлет Кæсæбиты Майрæм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕрыгон хуссарирыстойнаг штангист райста "сыгъзæрин" Ханты-Мансийскы

Йæ кары æмæ уæзы куыд иууыл æнтыстджындæр спортсмен, афтæ Джиоты Александр ист æрцыд Уæрæсейы олимпиаг резервы скъоламæ. Рæстæгæй-рæстæгмæ уый рацæуы цæттæгæнæн ахуыртæ Уæрæсейы.

"Нæ хъомылгæнинаг Джиоты Александр 94 кг уæзы категорийы рамбылдта Юграйы фыццагад. Уый ссис уæлахиздзау дытохы хатдзæгтæм гæсгæ", — загъта тренер.

Ныридæгæн тренертæ кусынц сæ аннæ хъомылгæниаг, дунейы дыууæ рекорды хицау Икъаты Сæрмæтимæ, уый майы архайдзæн Уæрæсейы чемпионаты.

Спортсменты цæттæ кæнынц тренертæ Плиты Артур æмæ Габаты Ацæмæз. Уæззау атлетикæйы скъолайæн разамынад дæтты Тасойты Олег. Ерыстæм ацæуынæн спортсментæн баххуыс кодта Фæсивæдон политикæ, спорт æмæ туризмы комитет.

Ног хабӕртты лентӕ
0