Гасситы Мурæт сарæзта комментарий Усикимæ тохы аргъæвдæн

© instagram/murat gassievГасситы Мурæт
Гасситы Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Мурæт æмæ Александр Усикы æхсæн финалон тох хъуамæ ацыдаид 11 майы, фæлæ йæ аргъæвтой сæрдмæ украинæйаг боксеры къухы травмæйы тыххæй

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Дунейы чемпион IBF æмæ WBA верситæм гæсгæ Гасситы Мурæт фехъусын кодта, зæгъгæ, кæд æмæ Александр Усикимæ тох æргъæвд æрцыд сæрдмæ, уæддæр ныридæгæн кæй у цæттæ ныхмæлæудмæ æмæ бацæудзæн тохмæ иттæг хорз формæйы.

Амæй размæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй WBSS-ы финалон тох ахастой сæрдмæ, уымæн æмæ Усик райста травмæ тренировкæйы рæстæджы. Ног датæ нырма бæлвырд нæу, уый баст уыдзæн украинæйаг боксеры уавæримæ.

"Хъыгагæн, мæ ныхмæлæууæг WBSS-ы финалы райста травмæ, фæлæ мæ ныфс ис, ахæм серьезон цæф кæй нæу æмæ тох уагъд æрцæудзæн сæрды! Саудовская Аравияйы уа æви цыфæнды æндæр бынаты – æз цæттæ дæн тохмæ æмæ дæн иууыл хуыздæр формæйы", — ныффыста Мурæт йæ фарсыл Instagram.

Бокс. Бой М. Гассиева и Ю. Дортикоса - Sputnik Хуссар Ирыстон
Усик загъта Гасситы Мурӕтимӕ тохы ахасты аххосаг ӕмӕ ракуырдта хатыр

Чемпионы ныхæстæм гæсгæ, уый æруынаффæ кодта йæ тренер Абель Санчесимæ æмæ райста чысыл паузæ тренировкæты æхсæн, уымæ гæсгæ йын фæзынд фадат чысыл аулæфын, хæдзармæ æрцæуынæн.

Боксеры ныхæстæм гæсгæ, уый фæстæмæ æрæвналдзæн тренировкæтæм Америкæйы майы райдианы æмæ адарддæр кæндзæн йæхи цæттæ кæнын суперсерийы финалмæ.

"Ирыстон, Уæрæсе, тагъд фембæлдзыстæм!" – бафтыдта Гасситы Мурæт.

Боксæй Ӕппæтдунейон суперсерийы финал райдыдта фарон сентябры æмæ ахицæн уыдзæн 2018 азы майы. Йæ призон фонды бæрц у $50 милуаны. Уымæй дарддæр ма, турниры уæлахиздаутæ райсдзысты Мухаммед Алийы номыл трофей.

Ног хабӕртты лентӕ
0