Зын баныхас: Мӕскуыйы нӕ бадзырдтой Гасситы - Усикы хылы фӕдыл

© instagram/murat gassievМурат Гассиев
Мурат Гассиев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы (WBSS) организатортӕн сӕ бон не ссис бадзурын хылы бынат ӕмӕ рӕстӕджы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 24 май — Sputnik. Мӕскуыйы ауагътой баныхас Уӕрӕсейы боксы Федераци ӕмӕ WBSS къухдариуӕджы ӕхсӕн боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон хылы бынат ӕмӕ рӕстӕджы фӕдыл.

Хылы бынат ӕмӕ рӕстӕг хъуамӕ рабӕрӕг уыдаид WBSS финалы фӕдыл сӕрмагонд пресс-конференцийы цыппӕрӕмы. Фӕлӕ мадзал уагъд не 'рцӕудзӕн, уый тыххӕй ӕмӕ фарсытӕ не 'рцыдысты иу хъуыдымӕ ацы фарсты фӕдыл, хъусын кӕны Уӕрӕсейы боксы Федераци.

Бой Гассиев-Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хыл ацӕудзӕн футболӕй дунейон чемпионаты фӕстӕ

"Ӕртыццӕджы изӕры ацыд зын баныхас Уӕрӕсейы боксы Федерацийы сӕрмагонд секретарь Умар Кремлев, промоутерон компани "Урал Бокс Промоушен" ӕмӕ суперсерийы къухдариуӕгады ӕхсӕн. Хылы бынат ӕмӕ рӕстӕджы фарст нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой", — хъусын кӕны федерацийы пресс-релиз.

Кремлев загъта бузныджы ныхӕстӕ фарсхӕцджытӕн, сӕ хъус кӕй дардтой ацы хыл ауадзыны хъуыддагмӕ.

"Мах уын уайтагъд дӕр фехъусын кӕндзыстӕм, куы бадзурӕм ацы фарсты фӕдыл, уӕд", — загъта Кремлев.

Баныхас WBSS финалон хылы фӕдыл адарддӕр уыдзӕн иннӕ къуыри.

Ног хабӕртты лентӕ
0