Усик бафидар кодта йӕ фӕнд Гасситы Мурӕтимӕ тох ауадзыны фӕдыл

© FacebookАлександр Усик
Александр Усик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Украинӕйаг боксер загъта йӕ хъуыды, ома Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тохыл не сразы, уыцы информацийы фӕдыл

ЦХИНВАЛ, 14 июн — Sputnik. Александр Усик загъта, кӕй фӕнд кӕны финалон тохмӕ ирон боксер Гасситы Мурӕтимӕ рахизын. Ахӕм фыстӕг спортсмен ныммыхуыр кодта Instagram-ы йӕ официалон фарсыл.

"Хӕрзизӕртӕ, мӕн фӕнды бамбарын кӕнын WBSS-йы финалы уавӕр. Ӕз цӕттӕ кӕнын финалмӕ, сӕйраджыдӕр, Гасситы Мурӕтмӕ. Кӕд махӕй исчи финалон тохы ма уа, уӕд Мохаммед Алийы номыл турнир сафы йӕ нысан. Мӕн хъӕуы ацы тох ӕмӕ мӕ уырны, Гасситы Мурӕты дӕр кӕй хъӕуы. Боксуарзджытӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц ацы тохмӕ. Ӕмӕ йӕ цӕй ауадзӕм", — ныффыста Александр Усик.

 

Гасситы-Усикы хыл ауадзын дыууӕйыл кӕй у, ахӕм информаци радта интернет-рауагъд Boxing Talk. Фӕстӕдӕр ацы информаци сфидар кодта йӕ командӕйы минӕвӕрттӕй иу.

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн хъуамӕ ацыдаид Саудон Аравийы 11 майы, фӕлӕ йӕ ахастой, украинӕйаг боксер травмӕ кӕй райста, уый тыххӕй. Амӕйразмӕ Кремлев фехъусын кодта, федераци кӕй архайы, цӕмӕй хыл ауадзой Уӕрӕсейы 22 июлы.

Ног хабӕртты лентӕ
0