Хуссар Иры банымады юбилей банысан кӕндзысты профессионалон богалты турнирӕй

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры банымады юбилей банысан кӕндзысты профессионалон богалты турнирӕй
Хуссар Иры банымады юбилей банысан кӕндзысты профессионалон богалты турнирӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы мадзалы тыххӕй радзырдта "К-9" тыхон структурӕты службӕйон-уæлæмхас цӕттӕкӕнынады Федерацийы президент Зауыр Абдурагимов

ЦХИНВАЛ, 19 июн — Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицӕйы уагъд ӕрцӕудзӕн профессионалон тохты турнир, кӕцы уыдзӕн нывонд Хуссар Ирыстоны хӕдбардзинады банымадыл 10 азы сӕххӕсты цытӕн. Мадзал ауадзыны фарстытыл ӕрдзырдтой республикӕйы президент Бибылты Анатолий, "К-9" тыхон структурӕты службӕйон-уæлæмхас цӕттӕкӕнынады Федерацийы президент Зауыр Абдурагимов ӕмӕ федерацийы генералон директор Рустам Гумбатов, хъусын кӕны РХИ сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

"Махӕн уыдзӕн стыр цыт Цхинвалы турнир ауадзын, кӕцы уыдзӕн нывонд августы хӕстыл 10 азы сӕххӕстӕн. Уымӕй мах ссардзыстӕм тыхон структурӕты кусджытæй хӕсты амӕттӕгтӕ чи баисты, уыдон ном. Афтӕ ма мадзал баххуыс кӕндзӕн Хуссар Ирыстоны ӕмӕ Уӕрӕсейы хсӕн ахастытӕ сфидар кӕнынӕн", — загъта Абдурагимов.

Бибылты Анатолийы зӕрдӕмӕ фӕцыд ацы хъуыды ӕмӕ радта фӕдзӕхст фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы Комитеты сӕргълӕууӕг Зассеты Сергейӕн, цӕмӕй ацы мадзал ауадзой бӕрзонд ӕмвӕзадыл.

© Пресс-служба президента РЮОХуссар Иры банымады юбилей банысан кӕндзысты профессионалон богалты турнирӕй
Встреча с Президентом Федерации служебно-прикладной подготовки силовых структур К-9 Зауром Абдурагимовым - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры банымады юбилей банысан кӕндзысты профессионалон богалты турнирӕй

"Мах архайӕм алы аз дӕр уадзын спорты тыхон хуызты ерыстӕ. Амӕйразмӕ ауагътам Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй, фарон та Ӕхсӕнадӕмон турнир ӕмбуар тохӕй. Ӕмӕ уӕ хъуыды, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, мӕ зӕрдӕмӕ фӕцыд", — банысан кодта президент.

Тыхон структурӕты службӕйон-уӕлӕмхас цӕттӕкӕнынады Федераци цӕттӕ кӕны сӕрмагонд нысаниуӕджы къордты ӕмӕ тыхон уагдӕтты кусджыты. "Комплекс-9"-ы ("К-9") ис дӕлдондзог, десантон, штурмон, ӕхсӕн ӕмӕ ӕмбуар цӕттӕкӕнынад.

Ног хабӕртты лентӕ
0