Куыд хъӕуы Усикы рамбулын: Гасситы Мурӕт сарӕзта хатдзӕг боксеры фӕстаг тохӕй

© Sputnik / Алана СабееваГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон чемпион банысан кодта, зӕгъгӕ ахӕм хъуыды, ома Усикы нӕй гӕнӕн очкотӕй рамбулын, раст нӕу

ЦХИНВАЛ, 12 июл — Sputnik. Боксӕй дунейы чемпион Гасситы Мурӕт нӕ хъуыды кӕны ӕмӕ йӕ ныхмӕлӕууӕг Боксы ӕппӕтдунейон суперсерийы финалы (WBSS) Александр Усикы кӕй нӕй гӕнӕн рамбулын очкотӕй.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсызгон мын уыдзӕн: Гасситы Мурӕт нӕ фӕфыдӕнхъӕл кӕндзӕн уӕрӕсейаг футболистты

WBSS-ы финалон хыл Гасситы Мурӕт ӕмӕ Александр Усикы хсӕн ацӕудзӕн Мӕскуыйы спортивон комплекс "Олимпийский"-йы 21 июлы.

"Александр Усикы тох Майрис Бриедисимӕ уыд тынг цымыдисон. Фӕнды мӕ ногӕй йӕм бакӕсын. Ӕз хъуыды кӕнын ӕмӕ Усик рамбылдта уыцы хыл ӕнӕ фарстытӕй. Кӕд ӕмӕ мах рымысыдыстӕм йӕ тох Бриедисимӕ, уӕд хъӕуы зӕгъын ӕмӕ тохы фыццаг хай очкотӕй ӕмбылдта Бриедис", — радӕтта Гасситы Мурӕты ныхӕстӕ Уӕрӕсейы боксы федерацийы пресс-службӕ.

Гасситы Мурӕт загъта, зӕгъгӕ, нӕ зоны цы роль ахъаздзӕн уыцы факт, ӕмӕ Усик кӕй уыд йӕ тохы Дортикосимӕ.

"Ӕз федтон хорз адӕймаджы, кӕцы мын ӕргомзӕрдӕйӕ раарфӕ кодта. Ӕндӕр мӕ бон ницы у зӕгъын", — загъта уый.

Суперсерийы уӕлахиздзау райсдзӕн WBSS сӕйраг приз — Мохаммед Алийы кубок.

Ног хабӕртты лентӕ
0