Гасситы Мурӕт йе 'нӕниздзинады тыххӕй: мӕхи хатын иттӕг хорз

© Sputnik / Евгения НовоженинаГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Улӕфты фӕстӕ боксер ацӕудзӕн АИШ-мӕ, цы ран адарддӕр кӕндзӕн йӕ тренировкӕтӕ

ЦХИНВАЛ, 30 авг — Sputnik. Уӕрӕсейаг боксер Гасситы Мурӕт загъта, йӕхи хорз кӕй хаты ӕмӕ тагъд кӕй сног кӕндзӕн тренировкӕ кӕнын.

Амӕйразмӕ боксеры трененр Абель Санчес фехъусын кодта, зӕгъгӕ, Гасситы Мурӕт нӕ рахиздзӕн рингмӕ фондз-ӕхсӕз мӕйы йӕ уӕхсчы травмӕйы тыххӕй.

"Мӕхи хатын иттӕг хорз, ныртӕккӕ дӕн хӕдзары, ӕрвитын рӕстӕг мӕ бинонтимӕ, ӕмбӕлттимӕ, улӕфын. Мӕ къух чысыл фӕхъыгдард, тагъд райдайдзӕн фидар кӕнын ӕмӕ сног кӕндзынӕн мӕ тренировкӕтӕ", — загъта Гасситы Мурӕт интервьюйы Осетия-Ирыстон телеканалӕн.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕты тренер радзырдта, цас рӕстӕг нӕ рахиздзӕн боксер рингмӕ

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тренировкӕтӕ цӕудзысты Америкӕйы Big Bear базӕйы тренер Абель Санчесы къухдариуӕгадӕй.

"Баивдзыстӕм нӕ цӕттӕкӕнынад ӕмӕ ног тыхтимӕ райдайдзыстӕм тренировкӕ кӕнын", — загъта боксер.

Гасситы Мурӕт Боксы Ӕппӕтдунейон суперсерийы финалон тохы фембылд украинӕйаг боксер Александр Усикӕн. Гасситы Мурӕты хайадист WBSS-йы дыккаг сезоны нырма нӕ аскъуыддзаг кодтой, загътой УФ боксы федерацийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0