Дыууæ ирон богалы рамбылдтой Ираны лигæ

Рафыссын
Рæмонаты Сослан æмæ Цæболты Хетæг тох кодтой рамбулæг командæ "Араш"-ы сконды

ЦХИНВАЛ, 2 окт — Sputnik. Ираны клубон чемпионаты фæуæлахиз ис клуб "Араш", кæцыйы сконды архайдтой дыууæ ирон богалы — олимпиаг чемпион Рæмонаты Сослан æмæ дунейы чемпион Цæболты Хетæг, хъусын кæны Уæрæсейы спортивон хъæбысхæсты федерацийы сайт.

Ирыстоны ӔӔӔ-йы командæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг богалтæ фыццаг хатт хайад райстой ӔӔӔ-йы тохты

"Араш"-ы æнтыстмæ сæ хайбавæрд бахастой ирон хъæбысхæцджытæ, уыдон сæ фембæлдтæ ахицæн кодтой æмгъуыдæй раздæр уæлахизтæй. Клуб йæ фыццаг фембæлд аскъуыддзаг кодта 6:4 хыгъдæй, дыккаг фембæлд та ахицæн ноджы хуыздæр хатдзæгтимæ — 8:2.

Клуб "Араш" сконды ирон богалтæй дарддæр тох кодтой олимпаг чемпион Владимир Хинчегашвили æмæ дунейы чемпион Реза Яздани.

Ирайнаг лигæйы сконды архайдта дыууæ дæлкъорды. Фыццаг туры ирон богалты клуб ныддæрæн кодта "Сатареган"-ы ".

Ног хабӕртты лентӕ
0