Алкæмæн дæр фæндзтæ: цхинвайлаг армрестлертæ рамбылдтой ноджы æртæ майданы Турчы

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваИрон æрмхæцджытæ дунейы чемпионаты
Ирон æрмхæцджытæ дунейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дунейы фыццагады ерысты дыккаг боны триумфатортæ ссисты Гасситы Сослан, Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен

ЦХИНВАЛ, 17 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг армрестлертæ Дыгъуызты Милена æмæ Хæбæлаты Арсен дунейы фыццагады ерысты дыккаг бон æрхастой командæйæн дыууæ æвзист майданы. Ӕрмхæцджыты тренер Джиоты Валерийы ныхæстæм гæсгæ, уый йæ хъомылгæнинæгтæн се ʻппæтæн дæр сæ ралæудты тыххæй æвæры фæндзтæ. 

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваСеребряный призер ЧМ-2018 по армрестлингу Милена Догузова
Серебряный призер ЧМ-2018 по армрестлингу Милена Догузова - Sputnik Хуссар Ирыстон
Серебряный призер ЧМ-2018 по армрестлингу Милена Догузова

Æмткæй Цхинвалы армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ дунейы фыццагады рамбылдтой фондз майданы – дыууæ сыгъзæрин рамбылдта Гасситы Сослан – рахиз æмæ галиу къухтæй. Æвзисттæ райстой Дыгъуызты Милена, Плиты Батрадз æмæ Хæбæлаты Арсен. Абон та сахъат спортсменты хсæн тохы бацæудзæн не ʻмзæххон Дыгъуызты Малхаз.

"Миленæйæн фондз, йæ ныхмæлæуджыты фæд-фæдыл бырста ерысты фæлгæтты æмæ дзы мæ цæстæй ракастæн. Финалы йæм æрхаудта æнæсаст спортсмен Барбара Бочкова, кæцы асæй æмæ уæзæй у зынгæ фылдæр нæ спортсменкæйæ. Хæбæлаты Арсен дæр хорз тох кодта, финалы уый дыккаг бынат райста фæткхалды тыххæй", — загъта тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сосланы хæзнадоны ис дунейон ерысты 7 сыгъзæрин майданы, уый дарддæр хизы хистæр кары категоримæ.

Хæбæлаты Арсен у 2016 азы Уæрæсейы чемпион, 2017 азы æвзист призер æмæ 2018 азы бронзæйон æмæ 2018 азы дунейы чемпионаты æвзист призер.

© Sputnik / Из архива тренера В. ДжиоеваДунейы чемпионаты æвзист призер Хæбæлаты Арсен
Дунейы чемпионаты æвзист призер Хæбæлаты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/2
Дунейы чемпионаты æвзист призер Хæбæлаты Арсен
© Sputnik / Из архива тренера В. Джиоева Дунейы авд хатты чемпион армспортæй Гасситы Сослан
Дунейы авд хатты чемпион армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/2
Дунейы авд хатты чемпион армспортæй Гасситы Сослан
1/2
Дунейы чемпионаты æвзист призер Хæбæлаты Арсен
2/2
Дунейы авд хатты чемпион армспортæй Гасситы Сослан

Плиты Батрадз Уæрæсейы фыццагады фæстаг дыууæ азы фæд-фæдыл рамбылдта æвзист майдантæ, ныр ма сæм æрбафтыд дунейон æвзист Туркы ерыстæй.

Дыгъуызты Милена у 2017-2018 æзты Уæрæсейы уæлахиздзау, ацы æзты Европæйы æвзист призер æмæ фæстаг æнтыст хынцгæйæ та 2017-2018 æзты дунейы чемпионаты æвзист æмæ бронзæйон призер.

Ног хабӕртты лентӕ
0