Цхинвайлаг æрмхæцæг Дыгъуызты Малхаз рамбылдта дунейы æвзист Туркы

© Sputnik / Минспорт РСО-АДыгъуызты Малхаз
Дыгъуызты Малхаз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыгъуызты Малхаз спорты ацы хуызы архайы æртæ азы, йе 'нæзивæг куысты фæрцы йын цыбыр рæстæгмæ бантыст хорз бæрæггæнæнтæ равдисын

ЦХИНВАЛ, 18 авг — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвайлаг спортсмен Дыгъуызты Малхаз бацахста дыккаг бынат дунейы чемпионаты армрестлингæй сахъатты хсæн, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрад.

Ноджы ма иу æвзист, Уæрæсейы æмбырдгоны архайгæйæ, Ирыстонмæ æрхаста Дзугаты Марат.

Ирон æрмхæцджытæ дунейы чемпионаты - Sputnik Хуссар Ирыстон
Алкæмæн дæр фæндзтæ: цхинвайлаг армрестлертæ рамбылдтой ноджы æртæ майданы Турчы

"Туркаг Анталияйы 17 октябры армрестлингæй дунейы чемпионат æмæ фыццагады тохы бацыдысты сахъат спортсментæ. Уæрæсейы æмбырдгонды сконды æвзист призертæ ссисты Дыгъуызты Малхаз (+75 кг) æмæ Дзугаты Марат (+55 кг)", — дзырдæуы хъусинаджы.

Дыгъуызты Малхаз спорты ацы хуызы архайы æртæ азы, йе 'нæзивæг куысты фæрцы йын цыбыр рæстæгмæ бантыст хорз бæрæггæнæнтæ равдисын.

Дунейы чемпионат армрестлингæй Анталияйы разынд цхинвайлаг æрмхæцджытæн тыллæгджын. Дыгъуызты Малхазы æнтысты размæ ирон æрмхæцджытæ рамбылдтой дыууæ сыгъзæрин æмæ æртæ æвзист майданы. Рахиз æмæ галиу къухтæй фæйнæ сæгъзæрин майдан рамбылдта Гасситы Сослан. Йæ æмсекционтæ — Дыгъуызты Милена, Хæбæлаты Арсен æмæ Плиты Батрадз та рамбылдтой æвзист майдантæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0