Дыууæ цхинвайлаг богалы рамбылдтой Дыгуры турнир

© Sputnik / Фатима ПлиеваИрон богалтæ
Ирон богалтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты расгуыхтысты Дзæгъиаты Андрей æмæ Бестауты Андрей, дыууæ лæппу дæр сты 2018 азы Уæрæсейы фыццагады призертæ

ЦХИНВАЛ, 22 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ цхинвайлаг богалы Дзæгъиаты Сослан æмæ Бестауты Андрей рамыблыдтой Бердиты Солтаны номарæн VIII-æм гом турнир уæгъдибар хъæбысхæстæй, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Коцты Тамерлан.

Сидахъты Зауыр рамбылдта дунейы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта дунейы чемпионат

Дзæгъиаты Сослан расгуыхт 92 кг, Бестауты Андрей та 110 кг уæзы. Дыууæ лæппу дæр сты 2018 азы Уæрæсейы фыццагады призертæ.

"Фæйнæ цыппар фембæлды сын уыд дыууæ лæпуйæн дæр. Кæд Бестауы Андреймæ æрхаудта йæ хицæй зынгæ лæмæгъдæр ныхмæлæуджытæ, уæд Дзæгъиаты Сосланæн та йæ сыгъзæрин майдан йæ къухы бафтыд уæззаудæр тохты", — загъта Коцты Тамерлан.

Уый ма банысан кодта, сæ аннæ хъомылгæнинæгтæй ма ноджы дыууæйæ та кæй рамбылдтой бронзæйон майдантæ.

"Плиты Вадим æмæ Джиоты Андрей райстой бронзæйон хорзæхтæ. Уыд бæрзонд æмвæзады турнир, цæгаткавказаг республикæты минæвæрттæй дарддæр ма дзы тох кодтой Сомихстон æмæ Абхазы хъæбысхæцджытæ", — бафтыдта тренер.

Ерыстæ цыдысты Дыгуры, 20 октябры. Уæлахиздзаутæ фæбæрæг сты 10 хицæн уæзы категориты. Фæсивæды цæттæ кæнынц тренертæ Коцты Тамерлан æмæ Бикойты Азæмæт.

Ног хабӕртты лентӕ
0