Черчесты Станислав ссис ӕхсӕнадӕмон преми "Arctic Awards"-ы лауреат

© Sputnik / Grigoriy Sisoev /  Ахизын медиабанкмæГлавный тренер сборной России по футболу Станислав Черчесов
Главный тренер сборной России по футболу Станислав Черчесов - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Черчесты Станиславы схорзӕхджын кодтой ӕхсӕнадӕмон премийӕ "Ӕнӕаргъ хайбавӕрды фӕдыл фыдыбӕстон футболы райрӕзты ӕмӕ егъау спортивон ӕнтыстыты тыххӕй" номинацийы

ЦХИНВАЛ, 31 окт — Sputnik. Уӕрӕсейы футболы командӕйы сӕйраг тренер ссис преми "Arctic Awards"-ы хицау сӕрмагонд номинаци "Ӕнӕаргъ хайбавӕрды фӕдыл фыдыбӕстон футболы райрӕзты ӕмӕ егъау спортивон ӕнтыстыты тыххӕй", радӕтта Уӕрӕсейы футболы цӕдис.

Сборная России по футболу встретилась с болельщиками - Sputnik Хуссар Ирыстон
Черчесты Станислав ӕмӕ йӕ командӕйы схорзӕхджын кӕндзысты Думӕйы

Тренер райста хорзӕх ӕмгъуыдӕй раздӕр, уый тыххӕй ӕмӕ йын фадат нӕ уыд хайад райсын хорзӕхкӕныны церемонийы, 2020 азы Европӕйы чемпионаты ӕвзарӕн этапы халӕппӕрсты тыххӕй, кӕцы ацӕудзӕн Дублины.

Arctic World Club-ы президент Сергей Егоров загъта бузныг тренерӕн ӕмӕ ӕнӕхъӕн штабӕн сӕ диссаджы фӕстиуджыты тыххӕй Дунейы чемпионаты.

Черчесты Станислав банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕнтыстджын ралӕуд у командӕйы иумӕйаг ӕнтыст, ӕмӕ уыдон дарддӕр дӕр цӕудзысты ног спортивон бӕрзӕндтӕ басӕттынмӕ.

Ӕхсӕнадӕмон преми "Arctic Awards" лӕвӕрд цӕуы номдзыд ӕхсӕнадон архайджытӕн, культурӕ, бизнес, спорты минвӕрттӕн Арктикон регионы райрӕзты хайбавӕрды тыххӕй. Ацы аз претендентты ӕхсӕн уыдысты 20-ӕй фылдӕр адӕймаг ӕмӕ организацийы ӕппӕт дунейӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0