Дыууæ ирон богалы стох кæндзысты Дунейы фыццагады

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæХъæбысхæст
Хъæбысхæст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уæрæсейы тырысайы бын архайдзысты Найфонты Артур (86 кг) æмæ Байты Дауыт (70 кг)

ЦХИНВАЛ, 1 ноя — Sputnik. Дыууæ ирон богалы хъахъхъæндзысты Уæрæсейы спортивон кад Дунейы фыццагады 23 азы кары фæсивæды ʻхсæн, хъусын кæны уæгъдибар хъæбысхæсты сайт сæйраг тренер Мæргъиты Анатолийы ныхæстыл æнцойгæнгæйæ.

Сидахъты Зауыр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богалӕн балӕвар кодтой фатер дунейы чемпионаты уӕлахизы тыххӕй

УФ тырысайы бын тох кæндзысты Найфонты Артур (86 кг) æмæ Байты Дауыт (70 кг).

"Уæрæсейы командæйы сконд нырма кæронмæ фидаргонд не ʻрцыд, кæцыдæр уæзты минæвæрттæ бæрæг æрцæудзысты хатдзæгон фембæлдты 9 ноябры. Фæлæ ныридæгæн бæрæг у, Уæрæсейы номæй дунейон ерысты кæй тох кæндзысты Муслим Садулаев, Магомедрасул Идрисов, Ислам Дудаев, Гаджи Набиев, Игорь Овсянников, Саид Гамидов, Найфонты Артур æмæ Байты Дауыт, уыдон æвзæрст æрцыдысты Уæрæсейы чемпионаты бæрæггæнæнтæм гæсгæ", — загъта Мæргъиты Анатолий.

Дунейы фыццагад ацæудзæн Бухаресты (Румыни) 12-18 ноябры.

Ног хабӕртты лентӕ
0