Ирон богалтӕ рамбылдтой дӕс майданы "Аланты" турниры

© 15-Й РЕГИОНТурнир "Алантæ" Дзæуджыхъæуы
Турнир Алантæ Дзæуджыхъæуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир ӕрӕмбырд кодта 200 спортсмены алыгъуызон бӕстӕтӕй ӕмӕ ссис республикӕйы иууыл сӕйрагдӕр спортивон мадзӕлттӕй иу

ЦХИНВАЛ, 10 дек — Sputnik. Дзӕуджыхъӕуы хуыцаубоны фӕцис II-ӕм Ӕхсӕнадӕмон турнир уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй "Алантӕ-2018", кӕцы ӕрхаста ирон хъӕбысхӕцджытӕн ӕртӕ сыгъзӕрин, иу ӕвзист ӕмӕ ӕхсӕз бронзӕйы майданы, хъусын кӕны 15-ӕм регион.

Спорты галуан Манеж - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕппæтадæмон турнир "Аланты" стох кæндзæн 200 богалы

Турнир, кӕцы цыд 8-9 декабры, ӕрӕмбырд кодта 200 спортсмены алыгъуызон бӕстӕтӕй ӕмӕ ссис республикӕйы иууыл сӕйрагдӕр спортивон мадзӕлттӕй иу.

Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Байцаты Владислав (97 килограмм), Уалыты Владислав (86 килограмм) ӕмӕ Байты Дауыт (70 килограмм).

Санахъоты Ацӕмӕз (79 килограмм) рамбылдта ӕвзист майдан.

Бронзӕйы призертӕ ссисты Гогаты Алан (65 килограмм), Наниты Славик (86 килограмм), Кцойты Сослан (86 килограмм), Голоты Виталий (125 килограмм), Зассеты Алан (79 килограмм) ӕмӕ Хуыбежты Кахабер (74 килограмм).

Алкӕцы уӕзы категорийы призон фонд уыд 10 мин доллары — 5 мин райста уӕлахиздзау, дыууӕ мин — ӕвзист майданы хицау. Фӕйнӕ иу мин доллары райстой бронзӕйы призертӕ ӕмӕ уӕлахиздзауты тренертӕ.

Турниры уӕлахиздзаутӕ райстой балцӕгтӕ UWW рейтингон турнир Гран-при "Иван Ярыгин-2019".

Ног хабӕртты лентӕ
0