Сыгъзæрин æмæ бронзæ: цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир

© Из архива Т.КочиеваЦхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир
Цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бестауты Андрей рамбылдта ерыстæ 110 уæзы категорийы, йæ тохтæ уый ахицæн кодта стыр уæлидзинадимæ

ЦХИНВАЛ, 26 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Дыууæ цхинвайлаг богалы расгуыхтысты Советон цæдисы сгуыхт мастер Адлан Вараевы номарæн æппæтуæрæсеон турниры уæгъдибар хъæбысхæстæй. Бестауты Андрей рамбылдта ерыстæ 110 уæзы категорийы, йæ æмсекцион Зассеты Азæмæт та ссис бронзæйон призер, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Коцты Тамерлан.

Турнир цыд Цæцæны Республикæйы.

"Бестауты Андрей рамбылдта ерыстæ 110 уæзы, йæ тохтæ уый ахицæн кодта стыр уæлидзинадимæ. 92 кг уæзы æртыккаг призер ссис Зассеты Азæмæт, уый йæ фыццаг тохы равдыста иттæг хорз приемтæ. Цыппар баллтæ иу архайдæй иста, дыккаг тох дæр ауагъта хорз æмвæзадыл, фæлæ, хъыгагæн, иу тох фембылд ис мæхъæлон хъæбысхæцæгæн. Уый фæстæ та ногæй рамбылдта цæцæйнаг богалы, уый хыгъд ссис æртыккаг. Мæн цы фæндыд, уый федтон, баззадтæн сæ райгонд", — загъта тренер.

Турниры хатдзæгтæм гæсгæ дыууæ лæппу бацыдысты Цæгат Ирыстоны æмбырдгонды скондмæ æмæ архайдзысты Уæрæсейы фыццагады.

© Из архива Т.КочиеваЦхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир
Сыгъзæрин æмæ бронзæ: цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг богалтæ рамбылдтой æппæтуæрæсейон турнир

"Фыццаг хатт архайдтам ацы турниры, уыдысты бæрзонд æмвæзады ерыстæ, тох дзы кодтой Уæрæсейы фыццагады призертæ, европæйы чемпион æмæ дунейы призер. Хорз равдыстой сæхи нæ лæппутæ. Ацы сконд ма ноджы уæрæхдæрæй уыдзæн Уæрæсейы фыццагады, ныр та уырдæм цæттæ кæнæм нæхи", — бафтыдта тренер.

Турниры ма архайдтой æндæр цхинвайлаг хъæбысхæцджытæ, фæлæ уыдон призерты нымæцмæ нæ бацыдыдысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0