Æнæбасæтгæ тых: Балаты Марат стох кæндзæн дунейы ACA чемпионы титулыл

© cagesideБалаты Марат
Балаты Марат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсмен ауадздзæн тох цæцæйнаг богал Салманов Жамалдаевимæ

ЦХИНВАЛ, 16 янв — Sputnik. Ирон спортсмен Балаты Марат ауадздзæн тох дунейы чемпионы титулы сæраппонд Absolute Championship Akhmat (АСА) версимæ гæсгæ рог уæзы, хъусын кæны Газета.ru.

Боец Сослан Гаглоев стал победителем первенства России по ММА - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг спортсмен рамбылдта Уӕрӕсейы ерыстӕ ММА-йӕ

ACA чемпионы номыл Балаты Марат стох кæндзæн цæцæйнаг богал Салманов Жамалдаевимæ. Фембæлд ацæудзæн 16 марты Санкт-Петербурджы.

ACA лигæйы президент Алексей Яценкойы ныхæстæм гæсгæ , ирон богал у æнæбасæтгæ тыхы хицау.

Яценко ма бафтыдта, "Мотиваторы" (афтæ хонынц спортсмены) цардвæндаг у – кинонывы цæттæ сценарий.

АСА – иугонд организаци, кæцы арæзт æрцыд Absolute Championship Berkut (ACB) æмæ Ӕппæтдунейон тохгæнæн чемпионат Ахмат WFCA баиуы фæрцы.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0