Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад

© Из архива тренера Александра КасабиеваЦхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры уӕззау атлетикӕйы секцийы хъомылгӕнинаг Кӕсӕбиты Майрам дыууӕ бафӕлвӕрдӕн систа 170 килограмм

ЦХИНВАЛ, 21 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цӕгат Ирыстоны фыццагады уӕззау атлетикӕйӕ цхинвайлаг спортсмен Кӕсӕбиты Майрам 55 кг уӕзы категорийы рамбылдта сыгъзӕрин майдан, фехъусын кодта Sputnik йӕ тренер Кӕсӕбиты Александр.

Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта ерыстæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг штангист Икъаты Сæрмæт рамбылдта Европæйы Кубок

Ноджы ма дыууӕ лӕппуйы та ссисты призертӕ.

"Цӕгат Ирыстоны фыццагад уӕззау атлетикӕйӕ ӕрӕмбырд кодта бирӕ спортсменты. Кӕсӕбиты Майрам дыууӕ бафӕлвӕрдӕн систа 170 килограмм (рывок -75, толчок -95). Тыджыты Руслан фыцаг хатт ацыд ерыстӕм ӕмӕ 61 кг уӕзы бронзӕйон майданы хицау ссис, уымӕн ацы бынат хорз ӕнтыст у. 96 кг ӕвзист майдан рамбылдта Джиоты Сослан", - загъта тренер.

Лӕппутӕ цӕттӕ кӕнынц Цхинвалы Спорты галуан "Олимп"-ы.

© Из архива тренера Александра КасабиеваЦхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад
Ног хабӕртты лентӕ
0