Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Юграйы кубок

© Sputnik / Из архива Артура ПлиеваЦхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Юграйы кубок
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Юграйы кубок - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр 102 килограмм уӕзы категорийы

ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Спортсмен Хуссар Ирыстонӕй Джиоты Александр рамбылдта сыгъзӕрин майдан Юграйы кубокы XIX-ӕм гом ерысты уӕззау атлетикӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Плиты Артур.

Уӕззау атлетикӕйӕ Юграйы кубокы ерыстӕ нывонд уыдысты сгуыхт тренер Борис Шесталюкӕн. Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр 102 килограмм уӕзы категорийы.

"Мӕ хъомылгӕнинаг Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр 102 килограмм уӕзы категорийы. Дыууӕ бафӕлвӕрдӕн систа 263 килограмм, уый йын ӕгъгъӕд уыд фыццаг бынат рамбулынӕн ӕмӕ Спартакиадӕмӕ балцӕг райсынӕн", - банысан кодта Плиты Артур.

Турнир балхынцъ ис цыппӕрӕм марты.

Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Цӕгат Иры фыццагад

Тренер ма бузныджы ныхӕстӕ загъта Спорты комитет, Спорты скъола ӕмӕ уӕззау атлетикӕйы секцийы разамынадтӕн, кӕцытӕ сын баххуыс кодтой турнирмӕ ацӕуынӕн.

Спортсмены ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз, Уӕрӕсейы Джиоты Александр тренировкӕ кӕны Наниты Аланы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0