Фыццаг республикӕйы: Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ

© Sputnik / Владимир Песня /  Ахизын медиабанкмæШахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ
Шахматты федераци хоны чызджыты турнирмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Организаторты фӕндмӕ гӕсгӕ интеллектуалон тохты хайад райсдзысты 12-14 шахматисты

ЦХИНВАЛ, 5 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны ацӕудзӕн йӕ ног историйы фыццаг чемпионат шахматтӕй сылгоймӕгты ʻхсӕн. 8 марты ӕхсӕнадӕмон боны цытӕн ерыстӕ ӕрӕмбырд кӕндзысты республикӕйы хуыздӕр чызг-шахматистты, фехъусын кодта Sputnik шахматты федерацийы хистӕр Саулохты Георгий.

Бӕрӕгбонон ерыстӕ аразынц шахматты федераци ӕмӕ фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитет.

"Хонӕм чызг-шахматистты республикӕйы чемпионатмӕ, уыдон суыдзысты Хуссар Иры историйы фыццаг ерыстӕ. Шахматты федераци у ӕвзонг баиугонд, нырма стӕм размӕцыды фӕндагыл ӕмӕ бирӕ хъазджытӕ нӕ уыдзӕн, Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм 12-14 сылгоймаг-шахматистмӕ", - банысан кодта Саулохты Георгий.

Шахматтӕй ӕппӕтреспубликон турниры уӕлахиздзау ссис Саулохты Георгий

Интеллектуалон хъӕзтытӕ цӕудзысты Анахарсисы республикон библиотекӕйы.

Хуссар Ирыстоны шахматты федераци арӕзт ӕрцыд 2016 азы, йӕ сӕргъ слӕууыд йӕ бындурӕвӕрӕг Саулохты Георгий. Уымӕй размӕ шахматты ӕмӕ шашкиты федераци уӕвынад кодтой иумӕ. Фӕстаг ӕзты шахматон турниртӕ республикӕйы сарӕх сты – ӕрвылазон сты Гобозты Валерийы номарӕн турнир, Челехсаты Хъазбеджы призтыл турнир, Республикӕйы чемпионат ӕмӕ ӕндӕр ерыстӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0