Аланийы Кубок: Цхинвал ӕрфысым кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй

© .FacebookТедеты Сослан
Тедеты Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турниры стох кӕндзысты Ирыстоны зындгонд боксертӕ

ЦХИНВАЛ, 21 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстон апрелы ӕрфысым кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания", фехъусын кодта Sputnik боксерон клуб "Ариана" ӕххӕстгӕнӕг директор Зураты Фатимӕ.

Спортивон мадзалы фидыц суыдзӕн фӕсивӕды ʻхсӕн WBC версимӕ гӕсгӕ дунейы чемпион Тедеты Сосланы тох.

"Боксерты 10-12 къай стох кӕндзысты турниры. Рингмӕ рахиздзысты зындгонд ирон боксертӕ Тедеты Сослан, Челӕхсаты Таир, Хуыгаты Алан, Моурауты Хетӕг, Тыбылты Александр, Байты Сослан, Тадтаты Сӕрмӕт ӕмӕ ӕндӕртӕ, стӕй ма фӕсарӕйнаг боксертӕ дӕр", - загъта Зураты Фатимӕ.

Ӕхсӕнадӕмон масштабы спортивон мадзал ацӕудзӕн спорты галуан "Олимп"-ы 10 апрелы.

Ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй "Кубок Государства Алания" аразы боксерон клуб "Ариана" ӕмӕ РХИ боксы федераци президент Бибылты Анатолийы ӕмархайдӕй.

© instagram/mrchehoevТурниры стох кӕндзысты Ирыстоны зындгонд боксертӕ
Аланийы Кубок: Цхинвал ӕрфысым кӕндзӕн ӕхсӕнадӕмон турнир боксӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Турниры стох кӕндзысты Ирыстоны зындгонд боксертӕ
Ног хабӕртты лентӕ
0