Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй ӕрӕмбырд кодта 13 къорды горӕттӕ ӕмӕ районтӕй

ЦХИНВАЛ, 25 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр скъолайон командӕтӕ республикон фыццагады шахматтӕй. Ерыстӕм сӕ къордтӕ бавдыстой 13 скъолайы, уыдонӕй иууыл ӕнтыстджындӕр разынд 12 скъола, загъта Sputnik федерацийы разамонӕг Саулохты Георгий.

Интеллектуалон тохты архайдтой 39 хъазӕджы, се ʻхсӕн уыд 6-аздзыд спортсментӕ дӕр.

"Дыккаг хатт ауагътам республикӕйы фыццагад скъоладзауты ʻхсӕн. Стох дзы кодтой 39 хъазӕджы 13 скъолайӕ. Уыдонӕн сӕ фылдӕр хай чызджытӕ", - загъта Саулохты Георгий.

Ерысты хатдзӕгтӕм гӕсгӕ уӕлахиздзау ссис 12 скъолайы командӕ, дыккаг бынат бацахста гимназии "Альбион", призерты нымӕцмӕ бацыд дыккӕгӕм скъола дӕр. Уӕлахиздзау командӕйы сконды уыдысты ӕртӕ лӕппуйы - Къодоты Андрей, Цоциты Батрадз ӕмӕ Хуыбецты Хасан. "Альбион"-ӕн хъазыдысты Къӕбулты Алан, Кокойты Мария ӕмӕ Битеты Диана. Призерты ӕртыккаг къорды та Зӕгъойты Зауыр, Икъоты Марат ӕмӕ Хъотайты Елена.

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕбӕрӕг сты хуыздӕр чысыл шахматисттӕ

Ерысты фӕлгӕтты ма ацыд республикӕйы ӕртӕ фӕлтӕрддӕр шахматистӕн ӕмрӕстӕджы хъазты сеанс 15 скъоладзауимӕ, фӕлӕ кӕстӕр фӕлтӕр нырма разындысты лӕмӕгъдӕр.

"Сеанс радтой республикӕйы чемпионаты призертӕ - Гӕбӕраты Ацӕмӕз, Къӕбысты Эрик ӕмӕ ӕз мӕхӕдӕг. Нӕ ныхмӕ хъазыдысты 15 ахуырдзауы", - бафтыдта федерацийы разамонӕг.

Турнир сарӕзтой Спорты комитет ӕмӕ Шахматты федераци Скъола –интернаты ӕмархайдӕй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваРеспубликон командӕйон фыццагад шахматтӕй
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй
© Sputnik / Фатима ПлиеваРеспубликон командӕйон фыццагад шахматтӕй
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй
© Sputnik / Фатима ПлиеваРеспубликон командӕйон фыццагад шахматтӕй
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй
1/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй
2/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй
3/3
Республикон командӕйон фыццагад шахматтӕй

Ног хабӕртты лентӕ
0