Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта Юграйы спартакиадӕ

© Sputnik / Из архива Артура ПлиеваАлександр Джиоев
Александр Джиоев - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
16-аздзыд Джиоты Александр расгуыхт 240 килограмм сисгӕйӕ

ЦХИНВАЛ, 27 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойаг спортсмен Джиоты Александр рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ханты-Мансийскы автономон область Юграйы ахуырдзауты спартакиадӕйы уӕззау атлетикӕйӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Плиты Артур.

Уӕззау атлетикӕйӕ ерысты Юграйы Джиоты Александр архайдта 102 килограмм уӕзы категорийы.

"Мӕ хъомылгӕнинаг Джиоты Александр разынд иууыл тыхджындӕр, уый систа 240 килограмм ӕмӕ рамбылдта Ханты-Мансийскы автономон областы спартакиадӕ. Йӕ бон у фылдӕр уӕзтӕ дӕр исын, фӕлӕ йын ӕмбулынӕн уый дӕр уыд фаг", - банысан кодта Плиты Артур.

Уæззау атлетикæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг уӕзисӕг рамбылдта кубок "Сварога"

Уый ма радзырдта, ӕввахс рӕстӕджы ма йӕ хъомылгӕнинаг стох кӕндзӕн ноджы иу ӕвзарӕн турниры ӕмӕ стӕй йӕхи цӕттӕ кӕндзӕн ӕппӕтуӕрӕсейон Спартакиадӕмӕ.

Турнир цыд 23-24 марты.

Спортсмены ерыстӕм бацӕттӕ кодтой Плиты Артур ӕмӕ Габайты Ацӕмӕз, Уӕрӕсейы Джиоты Александр тренировкӕ кӕны Наниты Аланы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0