"Хӕларадон" бокс: Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы спортсментӕ стох кӕндзысты Цхинвалы

Рафыссын
Хӕларадон республикӕйы минӕвӕртты ныхмӕ рахиздзысты Хуссар Иры 13 тыхджындӕр боксеры

ЦХИНВАЛ, 10 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ӕрыгон боксерты хсӕн матчон фембӕлд ацӕудзӕн Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы. Сӕхи фембӕлдты агъоммӕ ӕрыгон фӕлтӕр фендзысты ӕхсӕнадӕмон турнир "Кубок Государства Алания"-йы профессионалон тохтӕ, фехъусын кодта боксы тренер Хаситы Владислав.

"Фидаргонд ӕрцыд Хуссар Иры командӕ, йе 'скондмӕ бацыдысты сӕ уӕзы категориты лидертӕ. Се ʻхсӕн бирӕнымӕц турнирты уӕлахиздзаутӕ Ӕлборты Сослан, Бестауты Аслан, Багаты Марат, Къӕбысты Георгий ӕмӕ ӕндӕртӕ", - загъта Хаситы Владислав.

Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ Юность России - Sputnik Хуссар Ирыстон
Иууыл хуыздӕр хатдзӕг: Цхинвайлаг чызг-боксер рамбылдта ерыстӕ "Юность России"

Дыууӕ республикӕйы матчон фембӕлд ацӕудзӕн спорты галуан "Олимп"-ы 11 апрелы, 15:00. Ӕфсымӕрон республикӕйы минӕвӕрттӕ ӕрцыдысты Хуссар Ирыстонмӕ.

"Абон бакӕсдзысты ӕхсӕнадӕмон турнир "Кубок Государства Алания"-йы  профессионалон тохтӕм, сом та тохы бацӕудзысты сӕхӕдӕг. Фыццаг хатт уадзӕм ахӕм хӕларадон фембӕлд, фӕстӕдӕр нӕ фӕнды ахӕм матчон фембӕлдтӕ ӕдзухон скӕнын, йӕ географи та йын ноджы рауӕрӕх кӕнын - ДАР, ЛАР, Днестыргӕрон республикӕты дӕр ӕрбамбал кӕнын ацы мадзалмӕ. Уый уыдзӕн хорз хъуыддаджы райдайӕн", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0