Рамбылдта хӕларад: Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд
Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дыууӕ республикӕйы боксы секциты ӕрыгон фӕлтӕрӕй тыхджындӕртӕ фӕлвӕрдтой сӕ спортивон амонд

ЦХИНВАЛ, 12 апр – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы республикӕйы ӕрыгон боксерты ӕмбырдгӕндты хӕларадон фембӕлд ахицӕн ис уазджыты уæлидзинадимӕ - дыууӕ тох фесты ӕмдыхӕй, фондз бынӕттон боксер ссисты уӕлахиздзаутӕ, уазджытӕй та ӕхсӕз лӕппу афӕндараст сты чемпионтӕй.

Дыууӕ республикӕйы боксы секциты ӕрыгон фӕлтӕрӕй иууыл тыхджындӕртӕ фӕлвӕрдтой сӕ спортивон амонд Цхинвалы спорты галуан "Олимп"-ы рингыл.

© Sputnik / Наталья АйриянУазджытӕ ӕмӕ фысымтӕ кӕрӕдзи схайджын кодтой лӕвӕрттӕй
Рамбылдта хӕларад: Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уазджытӕ ӕмӕ фысымтӕ кӕрӕдзи схайджын кодтой лӕвӕрттӕй

Ӕфсымӕрон републикӕйы минӕвӕрттӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты ӕртыццӕджы. Сӕхи фембӕлдты агъоммӕ ӕрыгон фӕлтӕр федтой ӕхсӕнадӕмон турнир "Кубок Государства Алания"-йы профессионалон тохтӕ. Матч "Абхаз – Хуссар Ир" ацыд Паддзахадон хъахъхъӕнынады хистӕр Бибылты Ацӕмӕзы ӕмархайдӕй.

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд
Рамбылдта хӕларад: Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд

Ерысты размӕ ӕрыгон боксерты фæндагфæдзæхст кодтой тренертӕ, дипломаттӕ ӕмӕ политиктӕ. Уазджытӕ ӕмӕ фысымтӕ кӕрӕдзи схайджын кодтой лӕвӕрттӕй.

Официалон хайы фӕстӕ рингмӕ рахызтысты сӕйраг хъайтартӕ. Фыццаг тохы фембӕлдысты Къӕбысты Георгий ӕмӕ Мартиросян Руслан. Хуссар Иры минӕвар разынд тыхджындӕр ацы фембӕлды. Дыууӕ радон тохы хуыздӕр уыдысты абхазӕгтӕ Даразилия Давид ӕмӕ Абгаджава Леон. Уый фӕстӕ та уӕлахиздзауы ном байстой бынӕттонтӕ - ӕфсымӕрон республикӕйы минӕвар Эренян Сергейы ныддӕрӕн кодта бынӕттон боксер Ян Яралов. Стӕй та хъуыддаг сӕ къухмӕ райстой уазджытӕ. Бынӕттонтӕй ма сӕ фембӕлдтӕ рамбылдтой Бестауты Аслан, Ӕлборты Сослан ӕмӕ Багаты Дима.

"Хорз цӕттӕ лӕппутӕ ӕркодтой ӕфсымӕрон республикӕ. Уыдон равзӕрстой тыхджындӕр боксерты, мах та уыдонӕн агуырдтам ӕмсӕр боксертӕ, уымӕ гӕсгӕ нӕ иууыл тыхджындӕр боксертӕй бирӕтӕ нӕ архайдтой тохты. 5:6 хыгъдӕй ахицӕн матчон фембӕлд уазджыты пайдайӕн", - загъта спорты галуан "Олимп"-ы хистӕр тренер Хаситы Владислав.

Уый ма банысан кодта, турниры фидыц ссис Касаты Андрей ӕмӕ Сеферян Мигелы ʻхсӕн тох, кӕд уӕлахиздзау ссис уазӕг, уӕддӕр бынӕттон дӕр равдыста иттӕг хорз цӕттӕдзинад.

Ӕмткӕй тохты архайдтой 13 къайы. Сӕхи фембӕлдты агъоммӕ ӕрыгон фӕлтӕр федтой ӕхсӕнадӕмон турнир "Кубок Государства Алания"-йы профессионалон тохтӕ.

© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд
 Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/7
Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд
© Sputnik / Наталья Айриян Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд
 Цхинвалы ахицӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы боксерты матчон фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/7

3/7

4/7

5/7

6/7

7/7

Ног хабӕртты лентӕ
0