Уӕлахизты фӕдыл: Хуссар Иры армрестлертӕ ацыдысты европӕйаг ерыстӕм

© Из архива тренера В. ДжиоеваХуссар Иры армрестлертӕ ацыдысты европӕйаг ерыстӕм
Хуссар Иры армрестлертӕ ацыдысты европӕйаг ерыстӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды скондмӕ бацыдысты цхинвайлаг боксертӕ Гасситы Сослан, Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты ӕфсымӕртӕ – Арсен ӕмӕ Эдуард

ЦХИНВАЛ, 13 май — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы армрестлингы секцийы хъомылгӕнинӕгтӕ Уӕрӕсейы ӕмбырдгонды сконды хайад райсдзысты Европӕйы чемпионат ӕмӕ фыццагады. Цыппар армрестлеры скондӕй къорд афӕндараст ис Грецимӕ ерыстӕм къуырисӕры, 13 майы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Командӕйы сконды дунейы ӕхсӕз хатты уӕлахиздзау Гасситы Сослан, дунейон ӕмӕ европӕйаг ерысты уӕлахиздзаутӕ ӕмӕ призертӕ Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты ӕфсымӕртӕ – Арсен ӕмӕ Эдуард.

"Цӕуӕм фыццаг бынӕттӕ ӕмбулынмӕ. Командӕй уӕнгтӕ иууылдӕр сты хорз цӕттӕ. Ӕртӕ мӕйы ӕдзух тренировкӕтӕ хъуамӕ ракӕной мӕ хъомылгӕнинӕгты кады пьедесталмӕ", - загъта тренер.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Тренеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, европӕйаг ерыстӕм балцӕгтӕ армрестлертӕ райстой Уӕрӕсейы чемпионат ӕмӕ фыццагады хатдзӕгтӕм гӕсгӕ, цы ран уыдон се ппӕт дӕр растой призон бынӕттӕ.

"Ерсты Гасситы Сослан ссис уӕлахиздзау дыууӕ къухӕй дӕр. Аннӕтӕ иумӕйаг баллтӕм гӕсгӕ ссисты ӕзист призертӕ ӕм бацыдысты Уӕрӕсейы ӕмбыргодны скондмӕ", - бафтыдта уый.

Европӕ чемпионат ӕмӕ фыццагад армспортӕй цӕудзӕн Грецийы 14-23 маймӕ. Хуссар Иры командӕ ерыстӕм ацыд президент Бибылты Анатолийы финансон ӕххуысӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0