Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат

© Из личного архива А.ХабаловаХуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат
Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хæбæлаты Арсен ссис уæлахиздзау рахиз къухæй, гаиу къухæй рамбылдта æвзсит

ЦХИНВАЛ, 20 мая — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы армрестлингы секцийы хъомылгæнинаг Уæрæсейы æмбырдгонды сконды рамбылта Европæйы чемпионат рахиз къухæй, галиуæй – æвзист.

Дунейы æмæ европæйаг ерысты уæлахиздзау армспортæй Гасситы Сослан - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ӕхсæзæм сыгъзæрин: армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта дунейон ерыстæ Анталияйы

Ерысты аннæ хуссарирыстойнаг архайджытæ - Дыгъуызты Милена æмæ Джиоты Родион ссисты ервропæйаг ерысты призертæ , фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Джиоты Валерий.

Уыцы хорзæх  у Хæбæлаты Арсены фыццаг сыгъзæрин майдан Европæйы фыццагады, уый агъоммæ ма рамбылда ацы ерысты бронзæйон хорзæх æмæ дунейон ерысты æвзист.

"Хорз бæрæггæнæнтæ равдыстой нæ аннæ хъомылгæнинæгтæ дæр. Джиоты Родион рахиз æмæ галиу къухтæй рамбылдта æвзист æмæ бронзæйон майдантæ. Радон хатт йæ табугæнджыты зæрдæтæ барухс кодта Дыгъуызты Милена, уый у бронзæйон призер", - загъта тренер.

Уæлахиздзаутæ æмæ призерты фæстæ европæйаг ерысты тохы бацæудзысты нæ аннæ номдзыд армрестлертæ Гасситы Сослан æмæ Дыгъуызты Малхаз.

Нæ командæ ерыстæм ацыд президенты финансон æххуысæй.Чемпионат æмæ фыццагад цæуы Грецийы 14 маййæ 23-мæ.

© Из личного архива А.ХабаловаХуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат
Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг армрестлер рамбылдта Европæйы чемпионат
Ног хабӕртты лентӕ
0