Чемпионты æмбулгæйæ: цхинвайлаг æрмхæцæг райста Европæйы ерысты "æвзист"

© Из архива тренера В.ДжиоеваСослан Гассиев на чемпионате Европы
Сослан Гассиев на чемпионате Европы  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гасситы Сосланимæ иумæ тох кодтой европæйаг континенты 20 тыхджындæр æрмхæцæгы

ЦХИНВАЛ, 22 май— Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг армрестлер Гасситы Сослан рамбылдта Европæйы чемпионаты майдан хистæр кары спортсменты ʻхсæн, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Джиоты Валерий.

Гасситы Сослан хистæр кары категоримæ цалынмæ нæ ахызт, уæдмæ уыд Европæ æмæ дунейы ерысты æдзух лидер фондз азы дæргъы.

Дыгъуызты Малхаз  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг æрмхæцæг Дыгъуызты Малхаз рамбылдта Европæйы чемпионат

"Сослан тох кодта 100 кг уæзы, йæ категорийы уыд 20 спортсмены бæрц, уыдонæн сæ фылдæр хай уыдысты хицæн æзты Европæ æмæ дунейы чемпионтæ. Ахæм стыр конкуренцийы уавæрты кæй рамбылдта, уый тыххæй дзы уæлдай сæрыстыр дæн. Финалмæ хизгæйæ уый фæуæлахиз ис  архайгæ Европæйы чемпион Давид Давиткяныл Сомихстонæй", - загъта Джиоты Валерий.

Европæйы фыццагад æмæ чемпионат армрестлингæй Грецийы цхинвайлаг æрмхæцджытæн уыд фæстиуæгджын. Уæлахиздзау ссис Хæбæлаты Арсен, призертæ та сты Дыгъуызты Милена æмæ Джиоты Родион.

Дыццæджы сахъатты хсæн аннæ ирон спортсмен Дыгъуызты Малхаз рамбылдта сыгъзæрин æмæ æвзист майдантæ Европæйы чемпионаты.

Ног хабӕртты лентӕ
0