Ирон каратисттæ рамбылдтой аст майданы æхсæнадæмон турниры

© Пресс-служба Минспорта РСО-АланияИрон каратисттæ рамбылдтой аст майданы æхсæнадæмон турниры
Ирон каратисттæ рамбылдтой аст майданы æхсæнадæмон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон спортсменты хæзнадонмæ бацыд дыууæ сыгъзæрин, фондз æвзист æмæ иу бронзæйон майданы

ЦХИНВАЛ, 2 июл – Sputnik. Ирыстоны æмбырдгонд æнтыстджынæй ралæууыд æппæтстилон каратэйæ æхсæнадæмон турниры, кæцы уагъд æрцыд Краснодары крайы, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.

Дудайты Донна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Тæргайаг бронзæ: Дудайты Донна ссис æфсæддон æмтохæдты хъæзтыты призер

Командæйæн сыгъзæрин майдантæ æрхастой Хъæрджынты Александр (14-15 аз, 60 кг онг) æмæ Мæхъиты Станислав (16-17 аз, 72 кг онг). Пьедесталы дыккаг къæпхæнмæ схызтысты Сланты Георгий(12-13 аз, 42 кг онг), Булкъаты Батраз (14-15 азы, 48 кг онг), Сохиты Георгий (14-15 азы, 54 кг онг), Болататы Камилла (16-17 азы, 57 кг онг æмæ Бураты Батраз (16-17 азы,  68 кг онг).

Бронзæйон майданы хицау та бацис Цыганков Илья (14-15 азы, 76 кг онг).

Спорсменты цæттæ кæнынц тренертæ Ӕлборты Таймураз, Таймæзты Игорь, Тыбылты Батраз, Кибизты Юрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0