Гасситы Мурӕты тренер фехъусын кодта боксеры дебюты датӕ

© Sputnik / Евгения Новоженина /  Ахизын медиабанкмæГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сланты Виталий банысан кодта, Гасситы Мурӕты тох уӕззау уӕзы гӕнӕн ис ӕмӕ кӕй ацӕуа Александр Усикимӕ иу шоуы

ЦХИНВАЛ, 2 сен – Sputnik. Ирон боксер Гасситы Мурӕты фыццаг тох уӕззау уӕзы гӕнӕн ис ацӕуа 12 октябры Америкӕйы, фехъусын кодта РИА Новостийӕн боксеры фыццаг тренер Сланты Виталий.

"Ныхас цӕуы Мурӕты ралӕудыл 12 октябры турниры Америкӕйы, алцыдӕр баст у йӕ ӕнӕниздзинады уавӕрыл. Йӕ ныхмӕлӕууӕг фӕстӕмӕ у Джоуи Давейко", - загъта Сланты Виталий.

Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Гасситы Мурӕт рахауд WBC топ-15 рейтингӕй

Уыцы турниры ма 12 октябры Чикагойы йӕ фыццаг тох уӕззау уӕзы гӕнӕн ис ауадза украинаг Александр Усик, кӕцыйӕн Гасситы Мурӕт фембылд Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалы.

Амӕйразмӕ хъусын кодтой Гасситы Мурӕты дебют уӕззау уӕзы америкайаг Джоуи Давейкоимӕ июлы кӕй аивтой ирон боксеры травмӕйы тыххӕй.

Ирон боксер Гасситы Мурӕт бахӕццӕ Ӕппӕтдунейон боксы суперсерийы финалмӕ, цы ран 2018 азы июлы фембылд украинаг Александр Усикӕн. Финалон тохы фӕстӕ боксерӕн сарызтой операци йӕ уӕхскыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0