"Фыццаг бынат нæ ратдзыстæм": ФК "Цхинвал" рамбылдта радон фембæлд

© Sputnik / Фатима ПлиеваФК "Цхинвал"
ФК Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæгат Ирыстоны чемпионаты "Цхинвал" дарддæр кæны йæ уæлахизтæ, турнирон таблицæйы фыццаг бынатыл уæвгæйæ, уый йе ʻввахсдæр ныхмæлæуджытæй ис цыппар очко раздæр

ЦХИНВАЛ, 14 окт — Sputnik, Плиты Фатимæ. Цæгат Ирыстоны футболы чемпионаты фæлгæтты фембæлдысты турнирон таблицæйы дыууæ лидеры - "Цхинвал" æмæ "Щит Осетии". Уæлахизмæ претендентты ʻхсæн хъазт ахицæн ис 2:0 хыгъдæй цхинвайлæгты пайдайæн, фехъусын кодта Sputnik спорты комитеты пресс-службæ.

ФК Алани - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстоны сараздзысты "Футболы академи"

Цæгат Ирыстоны чемпионаты "Цхинвал" дарддæр кæны йæ уæлахизтæ, турнирон таблицæйы фыццаг бынатыл уæвгæйæ, уый йе ʻввахсдæр ныхмæлæуджытæй ис цыппар очко раздæр.

"Бузныг дæн мæ хъазджытæн. Фембæлд уыд ахсджиаг. Хъазыдыстæм уæлахизмæ претенденттæй иуимæ. Ныр фыццаг бынат мах никæмæн уал ратдзыстæм. Иу хъазт куы рамбулæм, уæд нын уый дæр уыдзæн фаг у Цæгат Ирыстон – Аланийы чемпион суæвынæн", - хъусын кæны пресс-службæ сæйраг тренер Хъоцыты Сосланы ныхæстæ.

Хъазты расгуыхтысты Бæззаты Марик æмæ Бекъойты Ацæмæз. Ноджы ма фембæлды аннæ хъайтар та ссис дуаргæс Хацырты Тамерлан, кæцы нæ бауагъта "Щит Осетии" –йы размæбырсæджы пенальти къулдуæртты.

Ног хабӕртты лентӕ
0