Хуссарирыстойнаг спортсмен стох кӕндзӕн ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй дунейы фыццагады Италийы

Рафыссын
Гом ӕвзарӕн турниры сыгъзӕрин майдан фадат ратдзӕн Цъинагары астӕуккаг скъолайы ахуырдзауӕн ралӕууын ӕмхӕццӕ ӕмтохӕдтӕй дунейы фыццагады Италийы

ЦХИНВАЛ, 18 окт — Sputnik. Хуссарирыстойнаг спортсмен Болататы Вадим схызт ӕмхӕццӕ ӕтохӕдтӕй Ӕппӕтуӕрӕсейаг ӕвзарӕн турниры кады пьедесталы бӕрзонддӕр къӕпхӕнмӕ.

Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ хайад райсдзысты Ӕппӕтдунейон ӕфсӕддон хъӕзтыты Китайы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг богалтӕ хайад райсдзысты Ӕппӕтдунейон ӕфсӕддон хъӕзтыты Китайы

Республикӕйы фӕсивӕдон политикӕ, спорт ӕмӕ туризмы комитеты пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй ерыстӕ цыдысты анапайы (Краснодары край).

"Цъинагары астӕуккаг скъолайы ахуырдзау Болататы Вадим тох кодта 65 кг онг уӕзы категорийы. Йӕ цыппар тохӕй алкӕцыйӕ дӕр уый рахызт уӕлахиздзауӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.

Уагдоны ма банысан кодтой, ерыстӕ кӕй уыдысты ӕвзарӕн тур ӕрыгӕтты хсӕн дунейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн ноябры Италийы.

Ног хабӕртты лентӕ
0