Цхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ

© Из архива тренера В. ВалиеваЦхинвйлаг æмбуархæсджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ
Цхинвйлаг æмбуархæсджытæ ссисты турнир Свободный поединок-ы призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тренеры ныхæстæм гæсгæ, нæ командæ сæрибарæй райстаит аст сызгъæрин майдан, фæлæ спортсментæ иууылдæр тох кодтой сæхицæй 6 кг уæззаудæртимæ

ЦХИНВАЛ, 29 окт — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссарирыстойнаг æмбуархæцджытæ рамбылдтой æвзист æмæ бронзæйон майдантæ турнир "Свободный поединок"-ы. Нæ спортсменты мæгуырау ралæуд тренер Уалыты Вахтанг бæтты æмбар уавæрты кæй нæ архайдтой, уыимæ.

© Из архива тренера В. ВалиеваЦхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ
Цхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир Свободный поединок-ы призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ

Командæйы сконды уыд 10 адæймаджы.

"Иууыл къаддæрæй аст фыццаг бынат райстаиккам, фæлæ нæ бахаудыстæм æмбар уавæрты. Уæзы категоритæ æвзаргæйæ мисхал фылдæр дæр чи разынд, уыдон кодтой стырдæр уæзмæ. Афтæмæй æппæт командæйы уæнгтæ дæр тох кодтой сæхицæй уæззаудæр спортсментимæ", - радзырдта Sputnik сæ тренер Уалыты Вахтанг.

Ерысты хатдзæгтæм гæсгæ, тренер райста йæ хорз цæттæ командæйы тыххæй бузныджы гæххæт, дыууæ спортсмен та ссисты призертæ.

"Бæрзонд æмвæзады ерыстæ уыдысты, æгас Кавказ уыд уым. Ӕвзист майдан райста Кокойты Сослан, æртыккаг бынат бацахста Икъоты Родион, уый йæ фыццаг хыл ахицæн кодта æмгъуыдæй раздæр. Ахæм тох ауагъта Къуымæридтаты Руслан дæр. Кæцыдæр лæппутæ цæфтæ кæй райстой, уый тыххæй сæ мæхæдæг систон ерыстæй", - бафтыдта тренер.

Хуссар Ирыстоны командæ афæндараст ерыстæм сты парти "Ныхас" æмæ йæ хистæр Гаглойты Аланы финансон æххуысы фæрцы.

© Из архива тренера В. ВалиеваЦхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ
Цхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир Свободный поединок-ы призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг æмбуархæцджытæ ссисты турнир "Свободный поединок"-ы призертæ
Ног хабӕртты лентӕ
0