Цхинвайлаг богал рамбылдта ӕхсӕнадӕмон турниры "æвзист"

© Sputnik / Наталья АйриянДзӕгъиаты Сослан
Дзӕгъиаты Сослан  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир "Битва за тренера-преподавателя"-йы Хуссар Ирæй тох кодта Дзӕгъиаты Сослан, ерыстæ уагъд цыдысты 1-3 ноябры дагестайнаг Хасавюрты

ЦХИНВАЛ, 4 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг спортсмен Дзӕгъиаты Сослан рамбылдта æвзист майдан уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй ӕхсӕнадӕмон турниры, фехъусын кодта Sputnik йæ тренер Коцты Тамерлан.

Турнирмæ раразмæ кодтой Зассеты Арсӕмӕг ӕмӕ Дзӕгъиаты Сосланы, фæлæ фыццаг йе 'нæниздзинады аххосæй хайад нæ райста тохты. Дзӕгъиаты Сосланы бацахста дыккаг бынат 92 килограмм уӕзы категорийы.

"Ӕртæ фембæлд рамбылдта, фæлæ финалы фæхæрд ис бынæттон спортсмен, Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау æмæ дунейы æвзист призер Загид Каримовæн. Сосланæй дæн райгонд, алцыдæр сарæзта нывыл, лæппу хизы ног кары категоримæ – хистæр æрыгæттæм, уымæ гæсгæ ацы хатт уæлахиздзау нæу, фæлæ алцыдæр цæуы нывæзтмæ гæсгæ", - загъта тренер.

Дзæгъиаты Сослан у 2019 азы Уæрæсейы фыццагады уæлахиздзау, рацыд æвзæрст дунейон ерыстæм, фæлæ ерыстæ уадзæг фысым бæстæ лæппуйæн визӕ нæ радта. Тренер Коцты Тамерланы ныхæстæм гæсгæ, ацы бонты та Сослан йæ аннæ æмсекцион Дзеранты лæппуимæ архайдзӕн Бердиты Солтаны номыл турниры.

Ацы аз уыд ӕнтыстджын дыууӕ хъӕбысхӕцӕгӕн дӕр – Зассеты Арсӕмӕг ссис Уӕрӕсе ӕмӕ дунейы чемпион, Дзӕгъиаты Сослан та ссис Уӕрӕсейы фыццагады уӕлахиздзау.

Ног хабӕртты лентӕ
0