Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ

© Из архива тренера М. ДжиоеваХуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ
Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Къайон ерысты уæлахиздзау ссис Тедеты Иосиф йæ цæдисæмбалимæ, æвзист призертæ та - Бекъойты Эдвард æмæ Куыдзеты Игорь

ЦХИНВАЛ, 5 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссарирыстойнаг спортсментæ ссисты Тæболты Арсены номарæн æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ уæлыстол теннисæй . Уый тыххæй Sputnik фехъусын кодта уæлдæр спортивон дæсниады скъолайы сæйраг тренер теннисæй Джиоты Мириан.

Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Сыгъзæрин æмæ æвзист: Хуссар Иры теннисисттæ фембæлдысты æхсæнадæмон ерысты финалы Абхазы

Турнир уагъд цыд Дыгуры. Хуссар Ирыстонæй дзы архайдтой Бекъойты Эдвард, Тедеты Иосиф, Куыдзеты Игорь, Ведмедеря Максим æмæ Кокойты Аманда. Спортсментæ расгуыхтысты къайон ерысты.

"Ерысты уыд бæрзонд конкуренци, архайдта дзы авд спорты мастеры. Къайон ерысты финалы бахаудысты не 'ртæ спортсмены. Бекъойты Эдвард æмæ Куыдзеты Игорь хъазыдысты Тедеты Иосиф æмæ Ставрополы крайаг Михаил Чимбарцевимæ. Ацы фембæлды тыхджындæр разынд æмхæццæ къай", - загъта Джиоты Мириан.

Тренеры ныхæстæм гæсгæ, къорд 8 ноябры та хайад райсдзæн Нальчикы уагъд цæуæг турниры.

© Из архива тренера М. ДжиоеваХуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ
Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг теннисисттæ ссисты æхсæнадæмон турниры уæлахиздзау æмæ призертæ
Ног хабӕртты лентӕ
0