Хуссар Иры богалты къорд стох кæндзæн æппæтуæрæсейон турниры

© Sputnik / Владимир Баранов /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры богалты къорд стох кæндзæн æппæтуæрæсейон турниры
Хуссар Иры богалты къорд стох кæндзæн æппæтуæрæсейон турниры - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тедеты Елхъаны номарæн турнирмæ раразмæгонд командæ конд у столицæ æмæ Дзауы районы уæгъдибар хъæбысхæсты секциты хъомылгæнинæгтæй

ЦХИНВАЛ, 20 ноя — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны уæгъдибар хъæбысхæцджыты командæ стох кæндзæн Европæйы чемпион Тедеты Елхъаны номарæн турниры Цæгат Ирыстоны. Республикæйы хицæн секцитæй æмткæй раразмæгонд æрцæудзæн 10 богалы, фехъусын кодта уæгъдибар хъæбысхæсты тренер Коцты Тамерлан.

Джиоты Дмитрий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирон богал рамбылдта сыгъзӕрин майдан ӕппӕтуӕрӕсейон турниры

Тедеты Елхъаны номарæн æппæтуæрæсеон турнир цæудзæн 21-23 ноябры Октябры хъæуы.

"Мæ хъомыглæнинæгтæй турниры стох кæндзæн æртæ лæппуйы. Уыдонæй иууыл æнтыстджындæр сты Плиты Вадим, кæцы æрæджы ссис Бердиаты Солтан номыл турниры финалист, стæй ма Дзеранты Арик æмæ Джиоты Дмитрий", - загъта тренер.

Уый ма банысан кодта, ерысты ма йæ хъомылгæнинæгтæй дарддæр кæй уыдзысты столицæйы æмæ Дзауы районы секциты богалтæ дæр.

Командæ Цæгат Ирыстонмæ афæндараст уыдзæн цыппæрæмы.

Ног хабӕртты лентӕ
0