Ноябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл

© Sputnik / Фатима ПлиеваНоябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл
Ноябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Мыхуыр æмæ информацийы комитет суазæг кодта æппæтстилон каратэйы дунейы ерысты уæлахиздзаутæ – Дудайты Донна, Лолоты Артур, призертæ – Бестауты Азæмæт æмæ Пухаты Алан æмæ сæ тренертæ Созайты Владимир æмæ Хъуылымбегты Мамеды

ЦХИНВАЛ, 29 ноя - Sputnik, Плиты Фатимæ. Цхинвалы ацыд Ӕппæтстилон каратэйы дунейы чемпионат æмæ фыццагады уæлахиздзауты æмæ сæ тренерты пресс-конференци.

Дудайты Донна - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дудайты Донна ссис Уæрæсейы кекусин-кан каратэйы спорты мастеры кандидат

Хуссар Иры командæ æрхаста фондз майданы. Уæлахиздзаутæ ссисты Созайты Владимиры хъомылгæнинæгтæ Дудайты Донна æмæ Павел Швец. Чызг расгуыхт æвзæнгты хсæн, лæппу тыхджындæр уыд чемпионаты. Хъуылымбегты Мамеды хъоымылгæнинаг Лолоты Артур ссис ацы ерысты уæлахиздзау, йæ аннæ æмсекционтæ Бестауты Азæмæт æмæ Пухаты Алан ссисты чемпионаты бронзæйон призертæ.

Ноябры мæйы спорты триумфатортæ радзырдтой се ʻнтыстытæ æмæ финансон проблемæтыл.

Пресс-центры уазджыты хсæн иунæг чызг Дудайты Доннæмæ фыццаг рады уыд здæхт журналистты хъусдард, уæлахизтыл буцахуыр чызг ацы хатт дæр уыд æнтыстджын.

"Сæйраг у зæрдыл дарын, цы дын амыдта тренер æмæ уæд алцыдæр рауайдзæн. Иууыл стырдæр æнхъæлмæ кастæн хорз фæлтæрддзинадмæ, нырма дæр кæронмæ нæ бамбæрстон кæй рамбылдтон, уый", - загъта Донна.

Йæ тренеры ныхæстæм гæсгæ, йæ хъомлгæнинæгты хсæн хуыздæр æнтыстытæ æфты чызджыты къухы.

Хуссар Иры каратисттæ расгуыхтысты Мæскуыйы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дунейы тыхджындæртæ: Хуссар Иры каратисттæ расгуыхтысты Мæскуыйы

"Сылгоймагæн æрдзæй афтæ у йе ʻсконд æмæ уый тынгдæр фæразы рыст. Стæй лæппуты æвиппайд хъæуы уæлахизтæ, чызджытæ та сты хъæддыхдæр", - загъта тренер.

Ӕппæтстилон каратэйы дунейы чемпионат æмæ фыццагады Хуссар Иры командæ архайдта бæстæйы тырысайы бын. Цæхгæр уый ныхмæ рацыд Гуырдзыстоны командæ æмæ ерысты хайадистæй систой сæхи.

"Стыр æххуыс нын бакодта ерысты фысым бæстæ – Уæрæсейы æппæтстилон каратэйы федерацийы хистæр Рамиль Габбасов. Ерыстæ æндæр бæстæйы куы цæуой, уæд нын гæнæн ис фæзына зындзинæдтæ, - загъта тренер Созайты Владимир.

© Sputnik / Фатима ПлиеваНоябры триумфатортæ
Ноябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ноябры триумфатортæ

Ерыстæ цыдысы бæрзонд æмвæзадыл, архайдтой дзы 72 командæйы. Сеʻнтыстмæ æнæкæсгæйæ спортсменты уæлахизтæ куыддæр аззадысты æнæхъусдард. Аннæтыл кæд Ручъы тоннелы уæлхъус æмбæлынц, уæд уыдон сæ цины уыдысты иунгæгæй.

"Мæ сыхæгтæ мыл сæмбæлдысты тырысатæ æмæ æртæ уæлибыхимæ", - загъта Созайты Владимир.

"Ме ʻмкъласонтæ мыл абон скъолайы сæмæлдысты хорз – арфæтæ æмæ лæвæрттимæ", - загъта Донна.

Йæ хъомылгæнинæгты æнтыстытыл æрдзырдта Хъуылымбегты Мамед дæр. Уый бафиппайдта йæ ахуырдзауты сæйраг кæй къуылымпы кæны финансон æнæстабилондзинад.

Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы Сабырадон Кавказ-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры спортсментæ рамбылдтой дæс майданы "Сабырадон Кавказ"-ы

"Бон дыууæ хатты вæййынц тренировкæтæ фæйнæ дыууæ сахаты. Цæттæ кæныны ʻхсæн фæсивæд куы тырной куыстмæ, афтæмæй зын у чемпион суæвын", - загъта Хъуылымбегты Мамед.

Уый ма радзырдта рæвдзытæм ацæуыны фадæттæ дæр сты къуындæг.

"Ацы спорты хуыздæр центртæ сты Таиланд æмæ Голландийы, уырдæм афтын та у зын æмæ зынаргъ", - бафтыдта тренер.

Хъуылымбегты Мамед ма бузныг загъта президентæн йе ʻххуысы тыххæй.

© Sputnik / Фатима ПлиеваНоябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл
Ноябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ноябры триумфатортæ: чемпионтæ æмæ тренертæ радзырдтой се ʻнтыстытыл

"Ерыстæм ацæуынæн нын баххус кодта, стæй ма нын нæ хатæнæн дæр самал кодта ифтонгад", - загъта тренер.

Аннæ тренер Созайты Владимир ма радзырдта, декабры кæй  æнхъæлмæ кæсынц Уæрæсейы æппæтстилон каратэйы федерацийы хистæр Рамиль Габбасовмæ.

"Йеʻрцыдмæ хъуамæ ам бынаты саразæм Хуссар Иры æппæтстилон каратэйы федераци æмæ стæй бакусæм цæмæй Хуссар Ир дæр бавдыстгонд уа дунейы спортивон баиугонды, куыд хицæн бæстæ", - балхынцъ кодта уый.

Ерыстæ цыдысты Мæскуыйы 22-25 ноябры.

© Sputnik / Фатима ПлиеваБестауты Азæмæт
Бестауты Азæмæт  - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Бестауты Азæмæт
© Sputnik / Фатима ПлиеваЛолоты Артур
Лолоты Артур  - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Лолоты Артур
© Sputnik / Фатима ПлиеваХъуылымбегты Мамед
Хъуылымбегты Мамед - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Хъуылымбегты Мамед
1/3
Бестауты Азæмæт
2/3
Лолоты Артур
3/3
Хъуылымбегты Мамед
Ног хабӕртты лентӕ
0