Цхинвайлаг армрестлертæ рамбылдтой цыппар майданы Цæгат Иры фыццагады

© Sputnik / Фатима ПлиеваАрмспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ
Армспорты секцийы хъомылгæнинæгтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Джиоты Арсен, Сиукъаты Родион, Дыгъуызты Милена, æвзист призер та Кæсæбиты Владислав

ЦХИНВАЛ, 2 дек — Sputnik, Плиты Фатимæ. Армспортæй Цæгат Ирыстоны фыццагады цхинвайлаг спортсментæ рамбылдтой æртæ сыгъзæрин æмæ дыууæ æвзист майданы. Ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Джиоты Арсен, Сиукъаты Родион, Дыгъуызты Милена, æвзист призер та Кæсæбиты Владислав, фехъусын кодта Sputnik армспорты тренер Джиоты Валерий.

Фæсивæд иууылдæр, куыд ерысты финалисттæ, райстой балцæгтæ Уæрæсейы фыццагадмæ.

"250 спортсмены тох кодтой ерысты. Юношаты ʻхсæн 50 кг категорийы уæлахиздзау ссис Джиоты Арсен, фæсивæды ʻхсæн Дыгъуызты Милена та 70+ кг радон хатт ссис сыгъзæрин майданы хицау, фæсивæды хсæн ма æвзист та бафтыд Кæсæбиты Владиславы къухы", - загъта Джиоты Валерий.

Уый ма бафиппайдта, йæ коллегæ Коцты Дмитрийы хъомылгæнинаг Сиукъаты Родион дæр кæй равдыста иттæг хорз цæттæдзинад æмæ ссис ерысты чемпион.

Хӕбӕлаты Арсен - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хӕбӕлаты Арсен: ацы ерыстæ - ноджы иу къахдзæф ног æмвæзадмæ

"Сиукъаты Родион рамбылдта ерыстæ юниорты хсæн 70 кг уæзы. Нæ секцийы тыхджындæр спортсментæй иу, Хæбæлаты Арсен, ерысты нæ архайдта, уæлахизхæссæг дунейон ерысты уый майданæй дарддæр райста травмæ дæр æмæ уымæ гæсгæ тохты нæ архайдта", - бафтыдта тренер.

Хуссар Ирыстоны кусы армспорты дыууæ секцийы – Спорты скъолайы æмæ спорты галуан "Олимп"-ы. Сæ хъомылгæнинæгты нымæцы сты дунейы æмæ Европæйы чемпионтæ. Фæсивæдимæ кусынц Джиоты Валерий æмæ Коцты Дмитрий.

Ног хабӕртты лентӕ
0