Хуссарирыстойнаг боксертæ стох кæндзысты Джæуджыхъæуы фыццагады

© Sputnik / Фатима Плиевабокс
бокс - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссарирыстойнаг командæйы сконды ис æвддæс спортсмены Боксы скъола æмæ спорты галуан "Олимп"-æй

ЦХИНВАЛ, 16 дек - Sputnik, Плиты Фатима. Хуссар Ирыстоны боксерты командæ ралæудзæн Цæгат Иры фыццагады Дзæуджыхъæуы. Къорды скондмæ бацыдысты 2010-2011 азы гуырд спортсментæй иууыл цæттæдæртæ, фехъусын кодта сæ тренертæй иу Дзигойты Ацæмæз.

Ирыстойнаг боксер рамбылдта Цӕгат Кавказы чемпионы титул - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ирыстойнаг боксер рамбылдта Цӕгат Кавказы чемпионы титул

Цæгат Иры фыццагад у стартон фæзуат бирæ уæлдæр æмвæзадмæ ерыстæм. Уæлахиздзаутæ райсдзысты балцæгтæ ЦКФЗ турнирмæ.

"Ерыстæ райдайдзысты къуырисæры, нæ командæ 17 боксеры скондæй афæндараст Дзæуджыхъæумæ хуыцаубоны. Се 'хсæн мæ хъомылгæнинæгтæй ис авд, иннæты цæттæ кæнынц æндæр тренертæ. Ныфс нæ ис, ацы хатт дæр та кæй ауаддзысты рæсугъд тохтæ æмæ кæй æрыздæхдзысты майдантимæ", - банысан кодта Дзигойты Ацæмæз.

Хуссарирыстойнаг командæйы сконды сты Боксы скъола æмæ спорты галуан "Олимп"-ы минæвæрттæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0