Хуссар Ирæй авд армрестлеры стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады

© Sputnik / Наталья АйриянХуссар Иры авд армрестлер стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады
Хуссар Иры авд армрестлер стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвайлаг командæйы уæнгтæн сæ фылдæр сты ивгъуыд æзты Уæрæсейы фыццагады призертæ æмæ уæлахиздзаутæ

ЦХИНВАЛ, 28 янв — Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны армспорты скъолайы минæвæрттæ февралы стох кæндзысты Уæрæсейы фыццагады Екатеринбурджы. Командæйы сконды уыдзæн авд спортсмены, ерыстæ сты æвзарæн Европæйаг æмæ дунейон æмвæзадмæ, фехъусын кодта Sputnik сæ тренер Джиоты Валерий.

Æвзæнгты хсæн ерыстæм цæуынц Сиукъаты Родион æмæ Джиоты Родион, фæсивæды ʻхсæн та – Хæбæлаты Арсен æмæ Эдуард, Дыгъуызты Милена, Кæсæбиты Владислав æмæ Плиты Батрадз.

"Уæрæсейы фыццагады финалисттæ райсдзысты балцæгтæ дуне æмæ Европæйы ерыстæм. Рагзагъд кæнын хорз хъуыддаг нæу, фæлæ цæуæм æмбулынмæ", – загъта тренер.

Уæрæсейы фыццагад райдайдзæн Екатеринбурджы 16 февралы. Хуссар Иры минæвæрттæ тох кæндзысты Цæгат Иры командæйы сконды. Командæйы уæнгтæн сæ фылдæр сты ивгъуыд æзты Уæрæсейы фыццагады призертæ æмæ уæлахиздзаутæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0