"Зонын, мӕ бон кӕй у чемпион суӕвын": Гасситы Мурӕт йӕ тохы тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянГасситы Мурӕт
Гасситы Мурӕт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон боксерӕн февралы уыдзӕн дебютон тох суперуӕззау уӕзы, Мурӕты карьерӕйы уыд стыр паузӕ йӕ уӕхсчы травмӕйы тыххӕй

ЦХИНВАЛ, 12 фев - Sputnik. Дунейы раздӕры чемпион фыццаг уӕззау уӕзы, ирон боксер Гасситы Мурӕт йӕ радон тохы фӕнд кӕны равдисын, кӕй уыдзӕн тӕссаг ныхмӕлӕууӕг суперуӕззау уӕзы.

Гасситы Мурӕты фыццаг тох 600-бонон паузӕйы фӕстӕ уагъд ӕрцӕудзӕн 29 февралы америкӕйаг Джерри Форрестимӕ.

"Дӕргъвӕтин паузӕйӕ бафӕлмӕцыдтӕн, ӕмӕ ныр цӕттӕ дӕр рингмӕ рахизынмӕ. Фрискойы мӕ тохы рӕстӕгмӕ уыдзӕн 600 боны, фӕстаг хатт рингмӕ куы рахызтӕн, уӕдӕй. Уыцы рӕстӕгмӕ бирӕ цыдӕртӕ ӕрцыд суперуӕззау уӕзы. зонын ӕй, мӕ бон кӕй у чемпион суӕвын суперуӕззау уӕзы, фӕлӕ мӕн хъӕуы равдисын ӕппӕт дивизионӕн дӕр, кӕй дӕн тӕссаг ныхмӕлӕууӕг, ӕмӕ уыцы куыст райдайдзӕн 29 февралы", - хъусын кӕны Гасситы Мурӕты ныхӕстӕ портал Allboxing.

Гасситы Мурӕты хӕзнадоны ис 26 уӕлахизы ӕмӕ иунӕг фембылд - 2018 азы ирон боксер фӕхӕрд ис украинӕйаг Александр Усикӕн.

Ног хабӕртты лентӕ
0