Хуссар Иры кæнынц къахдзоныгъты секци

© Sputnik / Наталья АйриянЦъон
Цъон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хӕххон къахдзоныгъты спорты федераци сывæллæттæн бырын ахуыргæнæн ифтонгады фылдæр хай райста, сæ аннæ хай сты фæндагыл

ЦХИНВАЛ, 20 фев - Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны конд цæуы къахдзоныгъты секци, йæ куыст срæвдз кæндзæн ифтонгады æппæт гуырахст балхæды фæстæ, фехъусын кодта Sputnik Хӕххон къахдзоныгъты спорты федерацийы хистӕр Тедеты Лери.

© facebook / Лери ТедеевБырæн ифтонгад
Хуссар Иры кæнынц къахдзоныгъты секци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бырæн ифтонгад

Сывæллæттæн бырæн ифтонгады фылдæр хай æлхæд æрцыд, аннæтæ сты фæндагыл.

"Фондз комплект райстам, ноджы ма аст та сты фæндагыл. Ӕхсæз-авд азы кары сывæллæтты райдайдзыстæм исын. Цалдæр арæхстджын лæппу уæлæмхас цæттæдзинады ахуыртæ рацæуыны фæстæ райдайдзысты кусын тренертæй. Ахуыртæ цæудзысты Цæгат Ирыстоны(Цъæй) æмæ Хуссар Ирыстоны", - загъта уый.

Хуссар Ирыcтоны Хӕххон къахдзоныгъты æмæ сноуборды федераци арæзт æрцыд 2016 азы майы. Федераци æрвылмæй исы финансон æххуыс президенты сæрмагонд фондæй, уый фæрцы бырæн сезон скъолайы кары дæсгай сывæллæттæ æххуысхъуаг бинонтæй ацæуынц Цъæйы коммæ.

© facebook / Лери ТедеевБырæн ифтонгад
Хуссар Иры кæнынц къахдзоныгъты секци - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бырæн ифтонгад
Ног хабӕртты лентӕ
0