Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст хорзӕхы Цӕгат Кавказы фыццагады

© Министерство Спорта РСО-АланияИрыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст хорзӕхы Цӕгат Кавказы фыццагады
Ирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцджытӕ рамбылдтой фараст хорзӕхы Цӕгат Кавказы фыццагады - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Турнир уагъд цыд 16 азы кары онг спортсменты хсӕн. Цӕгат Ирыстоны командӕ рамбылдта фараст хорзӕхы – дыууӕ сыгъзӕрин, ӕртӕ ӕвзист ӕмӕ цыппар бронзӕйон майданы

ЦХИНВАЛ, 3 мар - Sputnik. Ирыстойнаг уӕгъдибар хъӕбысӕйхӕцджытӕ райстой фараст хорзӕхы Цӕгат Кавказы федералон зылды фыццагады, кӕцы уагъд цыд дагестайнаг Хасавюрты 28 февралӕй 1 мартмӕ, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрад.

Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Цӕгат Кавказы фыццагады призер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссарирыстойнаг хъӕбысӕйхӕцӕг ссис Цӕгат Кавказы фыццагады призер

Турнир уагъд цыд 16 азы кары онг фӕсивӕды хсӕн ӕмӕ ӕрӕмбырд кодта 319 спортсмены, кӕцытӕ тох кодтой призон бынӕттыл ӕмӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ балцӕгтыл.

Сӕйраджыдӕр, расгуыхтысты 68 килограммы уӕзы категорийы хъӕбысӕйхӕцджытӕ, уыдон бацахстой кады пьедестал ӕнӕхъӕнӕй – уӕлахиздзау ссис Сидахъты Сӕрмӕт, дыккаг бынатыл ацыд Сергей Пушкин, бронзӕйон призертӕ та ссисты Цгъойты Арсӕмӕг ӕмӕ Зигойты Зауырбег.

Къудухты Дэвид рамбылдта сыгъзӕрин майдан 85 килограммы уӕзы категорийы.

Ӕвзист майданты хицӕуттӕ баисты Гобозты Тамик (41 кг) ӕмӕ Санахъоты Эрик (62 кг).

Плиты Вадим (52 кг) ӕмӕ Гагуылаты Алымбег (75) рамбылдтой бронзӕйон майдантӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0