"Ӕнцон тох уыд": Тыбылты Алик ногӕй рамбылдта рингыл

© Sputnik / Наталья АйриянТыбылты Алик
Тыбылты Алик - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Алик ногӕй рамбылдта. Ацы хатт уый фембӕлд рингыл фӕлтӕрд боксеримӕ Рязанӕй

ЦХИНВАЛ, 30 июл – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Профессионалон боксер Ирыстонӕй Тыбылты Алик радон хатт рамбылдта боксы изӕры Дзӕуджыхъӕуы.

Дзæуджыхъæуы ацæудзæн профессионалон боксы изæр - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзæуджыхъæуы ацæудзæн профессионалон боксы изæр

Спортсмен тох фӕцис ӕмгъуыдӕй раздӕр дыккаг раунды – уый нокауты арвыста йӕ ныхмӕлӕууӕджы Рязанӕй Денис Азарченковы.

"Ӕнцон тох уыд, уымӕн ӕмӕ фӕцис дыккаг раунды. Фыццаг раунды ӕз дыууӕ хатт нокдауны арвыстон мӕ ныхмӕлӕууӕджы, фӕлӕ уый фӕлӕууыд гонгы онг", - радзырдта Тыбылты Алик.

Тыбылты Алик архайы 63 килограммы уӕзы категорийы. Ӕвзонг спортсмен ауагъта авд тохы ӕнӕ фембылдтӕй. Боксер тренировкӕ кӕны Уӕрӕсейы сгуыхт тренер Сланты Виталийы къухдариуӕгады бын.

Ног хабӕртты лентӕ
0