Зынгæ фæтыхджындæр сты: Хуссар Иры равзаргæ боксертæн ацыд бынæттон рæвдзытæ

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хистӕр кары хуыздӕр 18 боксеры дыууӕ тренеры хъусдарды бын нывыл уавӕрты фидар кодтой сӕ физикон цӕттӕдзинад Знауыры поселочы

ЦХИНВАЛ, 19 авг– Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы кæромæ бахæццæ сты республикæйы равзаргæ æвзонг боксерты рæвдзытæ. Тренерты хъуыдымæ гæсгæ, фæсивæд дæсбонон ахуырты фæстæ сарæзтой стыр къахдзæф размæ сæ физикон цæттæдзинады.

Хуссар Ирыстоны хистӕр кары хуыздӕр 18 боксеры дыууӕ тренеры хъусдарды бын нывыл уавӕрты фидар кодтой сӕ физикон цӕттӕдзинад. Къорды ӕрӕмбырд кодтой республикӕйы ӕппӕт секцитӕй.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
Зынгæ фæтыхджындæр сты: Хуссар Иры равзаргæ боксертæн ацыд бынæттон рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ

Фӕсивӕды ӕрфысым кодта Знауыры посёлочы дзюдойы скъола. Иттӕг хорз уавӕртӕ, хӕрзад аходӕнтӕ ӕмӕ ӕппынӕдзух тренировкӕтæ спортсменты ракодтой хуыздӕр ӕмвӕзадмӕ.

"Ацы 18 сты, майдантӕ чи хӕссынц, уыцы равзаргӕ фӕсивӕд, уыдон сӕ хорз цӕттӕдзинад сбӕлвырд кодтой ӕхсӕнадӕмон турнирты. Мӕн уырны, фӕндӕгтӕ куы байгом уой, уӕд кæй ацӕудзыстӕм ерыстӕм ӕмӕ 'рхӕсдзыстӕм ног уӕлахизтӕ", - загъта Sputnik боксерты тренер Дзигойты Ацӕмӕз.

Лæппутæн традицион сæрдыгон ахуыртæ фыццаг хатт цыдысты бынаты - коронавирусы пандеми æрæхгæдта спортменты ацæуæнтæ.

"Хорз уавæртæ ис Знауыры. Спортсментæ бафтыдтой тых æмæ физикон цæттæдзинад. 10 боны æнæхъуаджы нæ ацыдысты. Горæтмæ куы ныццæуæм, уæд та райдайдзыстæм кусын æрмкъухтимæ, рингыл ныхмæлæуджытимæ", - загъта Sputnik боксы скъолайы директор Кокойты Мурæт.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
Зынгæ фæтыхджындæр сты: Хуссар Иры равзаргæ боксертæн ацыд бынæттон рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ацы ахуырты фæстæ та æнгæс цæттæгæнæн мадзал сараздзысты Дзауы районы кæстæр фæлтæрæн.

"Хорз цæттæ сывæллæтæ нæм ис. Кæстæрдæр кары къордæн дæр фæнд кæнæм ауадзын сбортæ Дзауы районы. Ирыстоны хъайтар Санахъоты Геннадийы номарæн турнир та ацы аз октябры хъуамæ ауадзæм дыккаг хатт æмæ уый агъоммæ уым ацæудзысты цæттæгæнæн ахуыртæ", - бафтыдта уый.

Банысан кæнын ма хъæуы, ноджы иу цхинвайлаг боксер Гæджиты Гурам та ныртæккæ кæй цæуы сбортæ Мæскуыйы. Уый йӕ спортивон ӕнтыстыты фæрцы ивгъуыд азы бацыд Уӕрӕсейы ӕмбырдгондмӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ
Хуссар Иры равзарæ боксертæн ацыд бынтæттон рæвдзытæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3

3/3

Ног хабӕртты лентӕ
0