ЦХИНВАЛ, 24 сен — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Дӕргъвӕтин фӕстиаты фӕстӕ номдзыд ирон боксер Гасситы Мурӕт ауадздзӕн йӕ фыццаг тох. Ирон спортсмены ныхмӕлӕууӕг суыдзӕн тӕссаг боксер, кӕцы ӕнтыстджынӕй тох кодта Владимир Кличко ӕмӕ ӕндӕр хорз боксертимӕ, фехъусын кодта Sputnik спортсмены тренер Сланты Виталий.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохы дырыс датӕ фидар нырма не ʻрцыд, фӕлӕ йӕ нывӕндынц ауадзын 31 октябры, науӕд та 1 ноябры.
"Кӕронмӕ сӕндидзынӕн Мурӕты бахъӕудзӕн дыууӕ-ӕртӕ тохы, цӕмӕй йӕ раздӕры цӕттӕдзинадмӕ схиза. Йӕ фыццаг ныхмӕлӕууӕг бӕрӕг у, фӕлӕ цалынмӕ контракт фидар ӕрцӕуа, уӕдмӕ йӕ ном нӕ цӕуы ӕргом. Уый ӕнтыстджынӕй тох кодта Владимир Кличко ӕмӕ ӕндӕр фидар боксертимӕ", - загъта тренер.
Сланты Виталий банысан кодта, Гасситы Мурæт йӕхи кӕй цӕттӕ кӕны активонӕй.
"Дыууӕ хатты тренировкӕ уадзы бон - дыууӕ сахат ӕмӕ ӕрдӕг райсом, изӕры та ӕртӕ сахаты. Йӕ раздӕры формӕйы 60-70 проценты уал систа. Йӕхи дӕр тынг фӕнды рахизын рингмӕ", - бафтыдта уый.
Гасситы Мурæт у боксæй дунейы раздæры чемпион WBA æмæ IBF верситæм гæсгæ.
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.
"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.
Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы ссисты Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ студентты хсӕн. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.
"Иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ, сӕрыстыр сӕ дӕн. Ӕртӕйӕ архайдтой ӕмӕ ӕртӕ сызгъӕрин майдан райстой. Уӕлахиздзаутӕ сты мӕ дыууӕ хъомылгӕнинаг Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, стӕй ма тренер Коцты Дмитрийы спортсмен Сиукъаты Родион", - загъта Джиоты Валерий.
Ӕртӕ спортсмены дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты.
Уӕрӕсейы студентон чемпионат цыд 9-10 апрелы.