ЦХИНВАЛ, 6 окт — Sputnik. Ирон спортсменкæ Коцты Аланæ рамбылдта сыгъзæрин майдан Уæрæсейы чемпионаты каратэйæ, хъусын кæны Цæгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службæ.
Турнир цыд Екатеринбурджы, ирон спорсменкæ ралæууыд 61уæзы категорийы.
"Фыццах тохы Кочты чызг рамбылдта Анастасия Потеминайы Пензæйæ 4-2 хыгъдæй, дыккаджы æмгъуыдæй раздæр фæуæлахиз Ксения Петраковайыл (8:0). Полина Горецкаяйы рамбылдта æрдæгфиналы, финалы та 5:0 хыгхдæй фæуæлагъиз Анна Родинайыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Спортсменкæйы тренер Саухалты Аланы ныхæстæм гæсгæ, чызгныр дыккаг аз фæд-фæдыл свæййы Уæрæсейы чемпионкæолимпиаг уæзы категорийы. Уый бафиппайдта, турнир кæй уыд Европæйы чемпионат æмæ Олимпиаг хъæзтытæм квалификацион турнирмæ æвзарæн этап.
ЦХИНВАЛ, 18 янв – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. ММА-йы ирыстойнаг тохгӕнӕг Дудайты Владимир ауадздзӕн йе ‘ртыккаг профессионалон тох турниры Кӕсӕг-Балхъары февралы, фехъусын кодта Sputnik йӕхӕдӕг атлет. Дудайты Владимиры ныхӕстӕм гӕсгӕ, тохмӕ цӕттӕкӕнынад цӕуы Хуссар Ирыстоны.
"Тренировкӕтӕ уагъд цӕуынц Хуссар Ирыстоны. Спарринг-партнертимӕ мын проблемӕ нӕй. Стыр бузныг ме мбӕлттӕ ӕмӕ тренертӕн, кӕцытӕ мын ӕххуыс кӕнынц", - загъта Дудайты Владимир.
Ирон богалы ныхмӕлӕууӕг уыдзӕн цӕцӕйнаг клуб "Ахмат"-ы минӕвар. Дудайты Владимиры ныхмӕлӕууӕг ауагъта ӕртӕ профессионалон тохы, ӕмӕ сӕ алкӕцы дӕр рамбылдта.
"Мӕ ныхӕмлӕууӕгмӕ мын ис хорз ахаст. Уый у клуб "Ахмат"-ы минӕвар, ӕмӕ уыдонӕн ис иттӕг хорз уавӕртӕ цӕттӕ кӕнынӕн", - банысан кодта Дудайты Владимир.
Спортсмен бафтыдта, зӕгъгӕ, ӕнхъӕлмӕ кӕсы уӕлахизмӕ ӕмӕ йӕм ис егъау мотиваци, уымӕн ӕмӕ йын ӕрдӕг азы тохтӕ нӕ уыд.
Тох ацӕудзӕн февралы, йӕ организатор у промоутерон компани "Плазма". Спортсментӕ тох кӕндзысты 70 килограммы уӕзы категорийы.
ЦХИНВАЛ, 15 янв – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны боксерты командӕ стох кӕндзӕн Цӕгат Ирыстоны фыццагады 2005-2006 ӕмӕ 2007-2008 ӕзты гуырд спортсменты хсӕн, фехъусын кодта Sputnik боксы скъолайы директоры хӕдивӕг Кокойты Ирбег.
Ерыстӕ райдайдзысты къуырисӕры, 18 январы, Дзӕуджыхъӕуы.
"Фидар ӕрцыд командӕйы сконд, фылдӕр бӕрцӕй уырдӕм бацыдысты горӕты ӕмӕ Дменисы хъӕуы уӕвӕг секцитӕй, стӕй ма спорты галуан "Олимп"-ы минӕвӕрттӕ. Цӕгат Ирыстоны стох кӕндзӕн нӕ боксертӕй 15, уыдон сты 12-ӕй 16 азы онг кары", - загъта Кокойты Ирбег.
Уымӕй размӕ, боксы скъолайы ацыдысты спаррингтӕ, цӕмӕй сбӕлвырд кӕной иууыл цӕттӕдӕр боксерты. Ерыстӕ спортсментӕн суыдзысты фыццӕгтӕ дӕргъвӕтин фӕстиаты фӕстӕ.