ЦХИНВАЛ, 26 окт — Sputnik. Ирыстойнаг спортсмен Тасойты Инал рамбылдта сыгъзӕрин майдан Ӕхсӕнадӕмон турниры дзюдойӕ Будапешты, хъусын кӕны Цӕгат Ирыстоны спорты министрады пресс-службӕ.
Турнир уагъд цыд Венгрийы 23-ӕй 25-ӕм октябрьмӕ. Тасойты Инал ссис иууыл хуыздӕр 100 килограммы уӕзы категорийы.
"Дунеон сери"-йы ӕртӕ турниры уӕлахиздзау Тасойты Инал финалмӕ фӕндагыл рамбылдта босниаг Харун Садиковичы, гуырдзиаг Гела Заалишвилийы. Ӕрдӕг финалы уый фидарӕй рамбылдта Ора Сассоны Израилӕй, финалон тохы та фӕуӕлахиз уӕрӕсейаг Тамерлан Башаевыл", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Тасойты Инал у Европӕйы чемпион 2019 азы ӕмӕ Европейаг хъӕзтыты уӕлахиздзау 2019 азы, афтӕ ма 2018 азы дунейы чемпионаты бронзӕйон призер.
ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik. Хуссарирыстойнаг командӕ "Цхинвал"-ы футболисттӕ Цӕгат Ирыстоны чемпионаты дыккаг матчы фӕхӕрд сты бынӕттон "Аланийӕн", хъусын кӕны РХИ фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты комитеты пресс-службӕ.
Командӕйы сӕйраг тренер Коцты Сосланы ныхӕстӕм гӕсгӕ, фыццаг таймы цхинвайлаг футболисттӕн уыд хорз фадӕттӕ рамбулынӕн, фӕлӕ ауагътой цалдӕр хорз моменты.
"Фыццаг таймы командӕйы капитан Джиджойты Сослан райста травмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хъазд бынтондӕр нал ацыд. Уымӕй дарддӕр ма командӕ у ӕвзонг - нӕ сын фаг кӕны фӕлтӕрддзинад", - банысан кодта футболистты тренер.
Хъазт ахицӕн 0:5 хыгъдӕй. Уый адыл командӕ "Цхинвал" ахсы ӕхсӕзӕм бынат Цӕгат Иры чемпионаты.
ЦХИНВАЛ, 12 апр - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Ӕртӕ цхинвайлаг ӕрмхӕцӕджы ссисты Уӕрӕсейы чемпионаты уӕлахиздзаутӕ студентты хсӕн. Фыццаг бынӕттӕ бацахстой Дыгъуызты Милена, Хӕбӕлаты Арсен ӕмӕ Сиукъаты Родион, уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта армспорты тренер Джиоты Валерий.
"Иууылдӕр бӕдӕйнӕгтӕ, сӕрыстыр сӕ дӕн. Ӕртӕйӕ архайдтой ӕмӕ ӕртӕ сызгъӕрин майдан райстой. Уӕлахиздзаутӕ сты мӕ дыууӕ хъомылгӕнинаг Дыгъуызты Милена ӕмӕ Хӕбӕлаты Арсен, стӕй ма тренер Коцты Дмитрийы спортсмен Сиукъаты Родион", - загъта Джиоты Валерий.
Ӕртӕ спортсмены дӕр фӕстаг ӕзты сӕхи уӕзты категориты сты ӕнтыстджын ӕхсӕнадӕмон форматы ерысты.
Уӕрӕсейы студентон чемпионат цыд 9-10 апрелы.