ЦХИНВАЛ, 11 ноя — Sputnik. Цæгат Ирыстоны равзæрстой Цæгат Кавказы федералон зылды (ЦКФЗ) хуыздæр æхсджыты. Сӕ дӕсниад равдисынмӕ мадзалмӕ ӕрцыдысты канд Цæгат Кавказы республикæтæй нæ, фæлæ ма Уæрæсейы æндæр регионтæй æмæ Хуссар Ирыстонæй, хъусын кӕны Осетия-Ирыстон.
Ерысты уæлахиздзаутæ ссисты Цӕгат Ирыстоны æртæ минæвары æмæ рæстдзæвин Краснодарæй.
Мадзады архайдтой 60 адæймаджы. Сæ арæхстдзинад равдыстой æртæ хуызы хæцæнгарзæй. Уæлахиздзаутæ хайад райсдзысты Уæрæсейы чемпионаты, кӕцы пандемийы аххосæй хаст ӕрцыд иннæ азмӕ.
ЦХИНВАЛ, 2 мар – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирон спортсмен Хуыгаты Алан ауадздзӕн тох Дзӕуджыхъӕуы боксы изӕры. Мадзал ацӕудзӕн 11 марты ресторан "Торне"-йы, фехъусын кодта Sputnik спортсмен йӕхӕдӕг.
Хуыгаты Аланы ныхмӕлӕууӕг нырма бӕрӕг нӕу. Уымӕй дарддӕр ма мадзалы хайад райсдзысты клуб "Ариана"-йы ӕндӕр минӕвӕрттӕ.
Спортсменӕн Мӕскуыйы боксы изӕр "Shamo boxing"-ы йӕ кӕройнаг ныхмӕлӕуды фӕстӕ рацыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ къуырийы - уый уӕд йӕ ныхмӕлӕууӕг Толибджон Сарабековы ӕртыккаг раунды арвыста нокауты.
"Мӕскуыйы ерысты размӕ рагӕй нал рахызтӕн рингмӕ ӕмӕ рымысыдтӕн тох. Цӕттӕкӕнынад цӕуы бӕрзонд ӕмвӕзадыл. Хъуамӕ рамбулон", - загъта Алан.
Хуыгаты Алан нырма иу хатт дӕр нӕ фӕхӕрд - профессионалон рингыл уый 12 хатты ссис уӕлахиздзау. Уый у клуб "Ариана"-йы минӕвар ӕмӕ тох кӕны астӕуккаг ӕрдӕгуӕзы (63 кг) категорийы.
ЦХИНВАЛ, 1 мар – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвалы гимнази "Альбион" рамбылдта Фыдыбӕсты хъахъхъӕнӕджы боны цытӕн турнир баскетболӕй ӕрыгӕтты хсӕн. Уымӕй дарддӕр ма командӕйы цыппар хъазӕджы райстой сӕрмагонд призтӕ, куыд хуыздӕр спортсментӕ.
Хуыздӕр хъазӕджы статуэткатӕ райстой Цхуырбаты Андрей, Козаты Арсен, Годжысаты Александр ӕмӕ Тасойты Арсен.
"Альбион" абон цӕхӕр кодтой. Уый тыххӕй бузныг сӕ тренер Дзабиты Роландӕн. Аннӕ скъолатӕ дӕр ӕвзӕр нӕ архайдтой. Зӕгъӕм Джуссойты Андрей "хаста" дыккӕгӕм скъолайы командӕйы. Хуыздӕр размӕбырсӕг Годжысаты Александры ӕнтыстытӕ нымайын дӕр нал арӕхстыстӕм", - загъта турниры нымӕрдар Тедеты Анжела.
Ерысты баллтӕм гӕсгӕ дыккаг бынат бацахста горӕты ӕхсӕзӕм скъола, ӕртыккаг призер та ссис дыккӕгӕм скъола. Турнир бацӕттӕ кодта горӕты спорты хайад.
"Ерысты нысан у ацы спорты хуыз раразмӕ кӕнын. Абон ӕвдисӕн уыдыстӕм курдиатджын фӕсивӕд нӕм кӕй ис, уымӕн, ӕрмӕст хъӕуы семӕ кусын. Хорз хъазыдысты се 'ппӕт дӕр, фӕлӕ уӕддӕр "Альбион" уыд иууыл хуыздӕр", - загъта хайады хистӕр.
ЦХИНВАЛ, 2 мар - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Ӕвзонг каратисттӕ Хуссар Ирыстонӕй равдыстой иттӕг хорз фӕстиуджытӕ РЦИ-Аланийы чемпионат ӕмӕ фыццагады, уыдон рамбылдтой дыууадӕс майданы, фехъусын кодта Sputnik спортсменты тренер Созайты Владимир.
Уый банысан кодта, ерысты нысан уыд сбӕрӕг кӕнын хъуыздӕр каратистты ӕмӕ саразын командӕ Уӕрӕсейы фыццагадмӕ, кӕцы ацӕудзӕн 2-5 апрелы Орелы.
"Дудайты Донна ӕмӕ Тедеты Анна рамбылдтой сыгъзӕрин майдантӕ, Тадтаты Софья ӕмӕ Джиджджойты Анна – ӕвзист майдантӕ, Гаглойты Диана райста бронзӕ", - загъта Созайты Владимир.
Тренер банысан кодта, спортсментӕ сӕхи хорз кӕй равдыстой ӕмӕ ныр бахызтысты РЦИ-Аланийы командӕмӕ.
"Афтӕ ма сӕхи хорз равдыстой дебютанттӕ дӕр: Цыбырты Анастасия ӕмӕ Лалыты Джер бацахстой фыццаг бынӕттӕ, Цыдугъты Милана ӕмӕ Куыридтаты Даниил та ацыдысты дыккаг бынӕттыл. Ортъаты хотӕ Аланӕ ӕмӕ Диана та сӕ кары къордты райстой бронзӕйон майдантӕ", - радзырдта журналисттӕн тренер.
Ӕппӕтстилон каратэйӕ ерысты цыдысты 25-27 февралы Цӕгат Ирыстоны Октябры хъӕуы.